Терк-Турк
From Wikipedia, the free encyclopedia
Терк-Турк, вариант: Талхъ-Тулхъ[1] у нарты кадджыты бæстæйы ном.
Нарты кадджыты Уырызмæг æмæ йæ æнæном лæппу стæры ацыдысты æнæхæрд бæстæ Терк-Турчы бæстæм. «Уый хуызæн хъæздыг бæстæ уæвгæ дæр нæ уыдзæн, — зæгъы Уырызмæг, — фысвос зæгъай, стурвос, бæхрæгъæуттæ — аздахын сæ нæ фæразынц сæ гæстæ, фæлæ æнцон нæу ныфс бахæссын уырдæм: ахизын æм хъæуы денджызы, стæй рæгъæуттæ, дзугтæ хъахъхъæнынц æфсæн уырс, æфсæндзых бирæгъ æмæ æфсæндзых хъæрццыгъа».