Поти
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
По́ти (гуырдз. ფოთი) у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, регион Мегрели æмæ Уæллаг Сарийы, Сау денджызы порт. Сахары цæрынц 41 465 адæймаджы (2014).
Сахар | |||||
Поти | |||||
---|---|---|---|---|---|
гуырдз. ფოთი | |||||
|
|||||
42°09′00″ с. ш. 41°40′00″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Гуырдзыстон | ||||
Регион | Мегрели æмæ Уæллаг Сари | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | VII æнус | ||||
Фæзуат | 65,8 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+4:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +995 493 | ||||
Посты индекс | 4400–4499[2] | ||||
poti.gov.ge(гуырдз.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
2018-æм азы 1 январмæ сахары цардысты 41 731 адæймаджы[3], 2014-æм азы 1 январмæ — 47,8 мин адæймаджы.[4]
Æппæтцæдисон цæрджыты сфыстмæ гæсгæ (Советон Цæдисы фæстаг сфыст уыдис) Потийы цардис 50 922 адæймаджы[5].
|
Потийы бынаты цы сахар рагзаманты лæууыдис, Фазис зæгъгæ, уыдис регионы рагондæр сахартæй иу. Грекъаг географ Страбон сбæлвырд кодта, ацы сахар Рионы цæугæдон æмæ Палеостомийы цады ’хсæн Сау денджызы былгæрон кæй лæууы, уый. Сахар хæлд æрцыдис, фæлæ дыууæ сæдæ азы фæстæдæр рагон грекъ дзы сарæзтой сæудæджергæнæн гæнæх. Аммиан Марцеллины рæстæджы ма дзы уыдис 400 салдаты гарнизон.
IV æнусы Фасисы куыста Колхиды академи, хуынди ма Уæлдæр риторикон скъола. Ахуыр дзы кодтой грекъ æмæ гуырдзы, сæ дыууæ æвзагыл дæр. Лæвæрдтой дзы риторикæ, философи, физикæ, математикæ, логикæ æмæ æндæр предметтæ.
Поти сахары ном сси VII æнусы[7].
Фыццаг уырыссаг революцийы рæстæг Поти сси стачкæтæ æмæ растæдты бынат[8].
1992-æм азы граждæйнаг хæст куы цыдис, Потийы кæрæдзийы ныхмæ тох кодтой звиадисттæ æмæ Тбилисы хицæуады хæстонтæ. 1993-æм азы 2 откябры сахар байстой звиадисттæ, Лоти Кобалия сæ сæргъы, афтæмæй. Фæлæ уыцы рæстæг гуырдзиаг хицæуады фарс балæууыдис Уæрæсейы Сай денджызы флоты денджызон пехотæ. Уыцы æххуысы фæрцы тагъд рæстæджы ныгуылæн Гуырдзыстоны фылдæр хай сси Шеварднадзейы хæстонты дæлбар.
2008-æм азы 14 августы сахар байстой уæрæсейаг хотыхджын тыхтæ, спутникæй конд къамтæ куыд æвдисынц, афтæмæй Потийы порты цы 6 хæстон катеры уыд, уыдон фæдæлдон кодтой[9]. Хæст куы фæци, уæрæсейаг хæстонтæ сахарæй ацыдысты[10].
Поти лæууы субтропикон денджызон бæстыхъæды зонæйы (Cfa Кёппены бæстыхъæдты классификацимæ гæсгæ)[11].
Поти нымад у Гуырдзыстоны ахсджиагдæр экономикон регионтæй иуыл. Йæ порт у Сау денджызы стырдæртæй иу, уый у Гуырдзыстоны сæйраг денджызон порт. 2008-æм азы апрелы паддзахад ауæй кодта порты акцитæй 51% араббаг компани Ras Al Khaimah Investment Authority-æн (ИАЭ)[12].
Уый йеддæмæ сахары кусынц иуæй-иу индустриалон куыстуаттæ (нæуцæлцæггæнæн æмæ æндæртæ).
Потийы кусы Валериан Гунияйы номыл паддзахадон драмон театр.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.