From Wikipedia, the free encyclopedia
Охос-дель-Саладо (исп. Ojos del Salado) у зæххыл тæккæ уæллоздæр вулкан æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг хох бæрзæндмæ гæсгæ (хох Аконкагуæйы фæстæ).
Охос-дель-Саладо | |
---|---|
| |
Кæм ис | |
27°06′34″ ю. ш. 68°32′32″ з. д.HGЯO | |
Ран | Чили æмæ Аргентинæ |
Хохы системæ | Андтæ |
Характеристикæтæ | |
Фæстаг скалд | 700 аз ± 300 азы |
Цъуппы бæрзæнд | 6893 м [1] |
Фыццаг сцыд |
1937-æм азы 26 февралы Ян Щепаньски Юстин Войжнис |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Лæууы Аргентинæ æмæ Чилийы астæу, цъупп ис Аргентинæйы æрдыгæй. Йæ бæрзонд у 6893 м. Вулканæй ныгуылæны ’рдæм суанг Сабыр фурды былгæрæттæм йæхи айтыгъта æдзæрæгран Атакамæ.
Вулкан хуыстыл нымад у, уымæн æмæ хъусдарды историмæ иу сирвæзт дæр нæма æрцыдис. Фæлæ иуæй-иу хатт, пассивон вулканон куыст, уæддæр фиппайд цыдис. Афтæ 1937, 1956 æмæ 1994-æм азты уыдысты чысыл сондоны æмæ дондæфы сирвæзтытæ.
Вулкан басæттын бантыстис 1937 азы польшæйæгтæн Юстин Войжнис æмæ Ян Щепаньскийæн. Цъупмæ фæндагыл альпинисттæ ссардтой, инктæ сæ динмæ гæсгæ кусарт-иу кæм кодтой, ахæм бынæттæ. Гæнæн ис, æмæ индейæгтæм вулкан Охос-дель-Саладо нымад цыдаид табуйаг хохыл.
2007-æм азы 21 апрелы чилиаг спортсмен Гонсало Браво сарæхстис модификацигонд Судзуки Самурайыл (Suzuki SJ) Охос-дель-Саладойы фахсыл схизын 6688 м, æмæ афтæмæй сæвæрдта дунеон рекорд.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.