From Wikipedia, the free encyclopedia
Зæгъойты Елызбары фырт Алан (уырыс. Алан Елизбарович Дзагоев) (райгуырдис Беслæны, 1990-æм азы 17 июны) у Уæрæсейы футболист. Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг, «ЦСКА»-йы æмæ Уæрæсейы иугонд футболон командæйы æрдæгхъахъхъæнæг.
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Зæгъойты Елызбары фырт Алан | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1990-æм азы 17 июны[1] (34 азы) |
|||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 179[2] см | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Уæз | 75[2] кг | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Клубы тыххæй информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||
Клуб | ЦСКА (Мæскуы) | |||||||||||||||||||||||||||||||||
Номыр | 10 | |||||||||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Йæ фыццаг тренер — Наниты Юрий[4].
2002 аз. Ахуыр райдыдта футболистты цæттæгæнæн Тольяттийы центр "Юри Коноплёвы номыл футболы академи"-йы.
2006 аз. Зæгъойты Аланы футболон карьерæ райдыдта командæ "Крылья Советов-СОК"-æн хъазынæй (Димитровград, Ульяновскы облæст). Ацы клубæн уый ахъазыд 37 хатты. Бакъуырдта æхсæз пурти.
2007 аз. Рахызт клуб ЦСКА-мæ. Уым йæ фыццаг хъазт кодта иу афæдзы фæстæ донецкаг "Шахтеры" ныхмæ "Фыццаг каналы хъалацы" фæлгæтты.
Зæгъойты Аланы айстой Уæрæсейы националон балмæ, 2012-æм азы Европæйы чемпионаты хъазынмæ. Уым, Чехийы командæимæ фембæлды, Алан бакодта дыууæ голы, æмæ ссис уыцы хъазты хуыздæр хъазæг, æртыккаг та бакъуырдта 12 июны Польшæйы командæйæн.
2013, 2014 азтæ. Уæрæсейы чемпион ЦСКА-йы сконды.
2014 аз. Хайад райста Дунейы чемпионаты финалон турниры Бразилийы.
Зæгъойты Алан хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны Намысæн» майданæй. Республикæйы разамонæг Мамсыраты Таймураз æй уыцы хæрзиуæджы аккаг скодта, Европæйы Чемпионаты йæхи иттæг хорз кæй равдыста, уый тыххæй.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.