From Wikipedia, the free encyclopedia
Вахтанг I Горгасали кæнæ Уахтъанг Горгасал[2] (гуырдз. ვახტანგ I გორგასალი) уыдис V æнусы Иберийы паддзах. Гуырдзиаг историографийы нымады цæуы гуырдзиаг паддзахаддзинады бындуравæрджытæй сæ иуыл, Гуырдзиаг растуырнæг аргъуанмæ гæсгæ та у чырыстон сыгъдæг, йæ чырыстон мысæн бон у 13-æм декабры бон. Уыдис Мирдат V-ы фырт Хосроидты мыггагæй. Йæ фæсномыг Горгасали персайнаг æвзагæй тæлмацгонд цæуы куыд «бирæгъы сæр».
Вахтанг I Горгасали | |
---|---|
гуырдз. ვახტანგ I გორგასალი | |
Иберийы паддзах
|
|
440 — 502 | |
Раздæр чи уыд | Мирдат V |
Фæстæдæр | Дачи |
Райгуырдис |
440 |
Амардис |
502 |
Ныгæныны бынат | |
Мыггаг | Хосроидтæ |
Гуырæн ном | гуырдз. ვახტანგ |
Фыд | Мирдат V |
Мад | Сагдухт[d][1] |
Æмкъай | Балендухт[d] |
Сывæллæттæ | Дачи[d] |
Дин | Гуырдзыстоны растуырнæг еклези[d] æмæ растуырнæг дин |
Викикъæбицы медиа |
Уыдис персайнаг шаханшахты Сасанидты династийы æрвад æмæ дæлбар. Византияйы империимæ цæдис саразынмæ хъавыдис æмæ Сасанидты ныхмæ растад сыстын кодта Ибери ссæрибар кæныны тыххæй: йæ хæстыты хæтцаг уыд йæ басаст æмæ Иберийы хæдбардзинад кæй æрлæмæгъ и, уый. Гуырдзиаг тæурагътæ афтæ дзурынц, æмæ Гуырдзиаг аргъуан дæр среорганизаци кодта, æмæ йæ позицитæ æрфидар кæй кодта, уый, æмæ стæй Тбилисы сахары бындуравæрæг кæй уыд, уый дæр.[3]
Вахтанг цы азты хицауиуæг кодта, уый бæлвырд бæрæг нæу: Иване Джавахишвили йæ хицауиуæгы азтыл нымадта 449-502, Кирил Туманов та дзырдта, 447-522 кæй сты, уый. Уый йеддæмæ та Тумановмæ гæсæ Вахтанг æмæ Иберийы паддзах Гурген, Прокопийы чиныг «Юстинианы хæстытæ»-й кæй тыххæй зонæм, уый, иу адæймаг сты.[4]
Вахтангыл фыст у XI-æм æнусы Джуаншерæй фысгæ цардафыст, æцæг хабар мифтæ æмæ таурагътимæ чи иу кæны, æмæ Вахтанг Горгасалийы хъару, гоймагдзинад æмæ биографи гиперболизаци чи кæны, ахæм. Ацы куыст у, Вахтангы хъаруджын æмæ дæнцон хæстон-паддзах æмæ паддзахадон архайæгæй кæй æвдисынц, уыйы сæйраг ратадзæн, æмæ ахæм мифологизацигонд æвдыст гуырдзиаг культурæйы ныры онг дæр сæйраг бынат æхсы.
«Вахтанг Горгасалийы цард»-мæ гæсгæ, паддзах куы райгуырд, уæд йын радтой ирайнаг ном Varazkhosrovtang, æмæ гуырдзиаг æвзаджы йæ сцыбыр кодтой куыд Вахтанг. Ацы ном æвзарыв ирайнаг *warx-tang-æй — «бирæгъы буар кæмæн ис», æмæ цалдæр иртæсджытæм гæсгæ у рагон гуырдзиаг бирæгъы култы æвдисæн. 13-æм æнусæй райдайгæйæ бирæ гуырдзиаг æлдартæ æмæ паддзахтæн Вахтангы ном æвæрын райдыдтой. Туманов бацамыдта, Вахтангы номæн классикон эквилалент кæй нæй, уый, æмæ æнхъæлы, æмæ Вахтангы фæсномыг Горгасал — йæ згъæрхуды формæйы тыххæй йын кæй радтой, уыцы — фыст æрцыд 6-æм æнусы Ромаг историк Прокопийæ, йæ куысты фыст æрцыд куыд Гурген.[4] Тумановы хъуыдыимæ зонынадон дунейы бирæ ахуыргæндтæ разы не сты.[5]
«Вахтанг Горгасалийы цард»-æй йеддæмæ æстæузаманы гуырдзиаг ратадзæнтæ йыл бирæ нæ дзурынц, фæлæ цы дзурынц, уый фыссынц стыр цытимæ, Багратидтæй раздæр чи хицауиуæг кодтой, ахæм паддзахтыл фæсгæйæ æрæх кæй нæ æвдыстой, ахамимæ. Кæд "ВГц" мифтæй дзаг у, уæддæр уымæй ис гæнæн ахсджиаг хайттæ райсын, кæцытæ ис гæнæн баиу кæнын уыцы рæстæджы æндæр информацийы хайттимæ баиу кæнын.
Азгайфыстмæ гæсгæ Вахтанг, 7 азы йын куы цыд, уæд йæ фыд Мирдат V-æй паддзахы бынат райста. Цалынмæ гыццыл уыд, йæд йæ мад, чырыстон дин чи райста, уыцы персæйнæг сылгоймаг Сагдухт, регент уыди. Автор фыссы, Ибери цы æвирхъау ситуацийы уыд, уый, зороастризмаг Сассанидтæ йæ куыд хъыгдардтой сæ сзороастриаг кæныны фæлварантимæ æмæ «овстæ» (ирæттæ) цæгатæй сæ куыд пырх кодтой сæ балцыты. 16 азы йын куы цыд, уæд Вахтанг йæ бæстæ хъæхъхънынмæ сыстад, æмæ ирæтты паддзах Ос-Бæгъатыры, йæ хой Мирандухты чи раскъæфта, уый амардта лæгæй лæгмæ тохы. 19 азы йын куы цыд, йæд ракуырдта Балендухты, Стыр Паддзах Хормизды чызджы. Рæхджы, Стыр Паддзах йæ куы бафарста, уæд Вахтанг йе ’фсæдтимæ рацыд йæ Индийы кампанимæ (æвæццæгæн Перозы 460-æм азты Эфталитты ныхмæ экспедицийы кой цæуы), æмæ Ромы империйы ныхмæ 472-æм азы, кæй фæстæ Вахтанг йæхицæн райста Егриси (Лазистан) æмæ Абхаз.[4][6]
Иберимæ куы раздæхт, уæд райдыдтæ архайдты рад аразын, кæцытæн сæ бæллиц уыд паддзахадон бар фæтыхджындæр кæнын. Ирайнæгтæ йæ хæдбардзинад айсыныл кæй хъавыдысты, уый куы бамбæрста, уæд Вахтанг йæ политикон ориентаци баивдта, æмæ райдыдта Ромæгтимæ ахастытæ амайын. Ракуырдта Еленæйы, Скæсæйнаг Ромы империйы император Зеноны "чызг" (æцæгæй та йын ахæм чызг нæ уыди; æвæццæгæн, азгайфысты ныхас цæуы йе рвадæлтæй кæйдæрыл) æмæ Констанинополæй йын бар радтой гуырдзиаг еклезийы сæрдары католикосы ранг раттын, æмæ католикосы æндæр 12 алчеримæ рарвыста Антиохимæ, сбæлвырд кæнынмæ.[6]
Йæ про-ромаг политикон архайдтæ уæ уæздæтты смæсты кодтой, æмæ ибериаг уæздæттæ райдыдтой ирайнæгтимæ дзурын, цæмæй сын баххуыс кодта паддзахы лæбурд сæ автономийыл бауромын. 482-æм азы Вахтанг амардта йæ æппæты дзырдзæуæгæ вассал Варскены, кæцы уыд Горгарены витах, зороастриаг æмæ Ираны иузæрдион дæлбар, йæхæдæг йæ ус Шушаникы, чырыстон æмæ Сомихыстоны паддщахы фырты чызг чи уыд, уый амардта. Ацы архайды фæстæ Вахтанг йæхи ссардта ирайнæгтимæ æргом конфликты. Вахтанг курын райдыдта сомихаг æлдартæ æмæ гуннтæй æххуыс. Цыдæр рæстæджы фæстæ сомихаг æлдар Вахан Мамиконян йе ххуысмæ рацыд. Ацы цæдисонты æфсад ныппырхгонд уыд ирайнæгтæй, æмæ Ибери 483 æм 484 азы гæныстон фæуыд персайнæгты къухæй, Вахтанг та Ромæгты зæххытæм алыгъд. Шаханшах Пероз эфталиттимæ хæсты куы амард 484 азы, йæ бынтæисæг Балаш сабырдзинад Кавказмæ раздæхта. Вахтангæн бар радтой йæ хицаиуæгад дарддæр кæнын, фæлæ йæ про-Ромаг политикæйы нæ фаивдта.[6]
Ром æмæ Ираны æхсæн Сæдæаздзыд сабырдзинаг куы фæци, уæд Сассанидты шаханшаш Кавад I Вахтангы фæхуыдта хæстмæ Ромы ныхмæ. Вахтанг не сразы, æмæ ирайнæгтæ йæ паддзахадмæ ног ныббырст райдыдтой. 60-аздзыд уæвгæйæ, йæ царды фæстæг азтæ-иу арвыста хæст æмæ алыгъды, ромæгтæй æххуыс æнæ æнтыст кургæйæ. Ацы азты хронологи бæрæг нæу, фæлæ 518-æм азмæ Тифлисы хицаиуæг кæнын райдыдтæ ирайнаг бæстыхицау. Азгайфыст куыд амоны, Вахтанг амард ирайнаг æфсады ныхмæ тохы, йæ раздæры цагъайрæджы къухæй, кæцы йæ амардта фатæй, йæ дæларммæ æхсгæйæ. Цæфгонд паддзахы йæ Уджармайы галуынмæ æрхастой, æмæ дзы амард. Джавахишвилимæ гæсгæ амард 502-æм азы. Туманов та, Прокопийы Гургенимæ йæ ассоциаци гæнгæйæ, йæ мæлæты азæй хоны 522-æм аз. Гургены хæстæгтæ — Перан, Пакур æмæ Фазас — Ромаг æфсæдты дарддæр лæггад кодтой.[4]
Азгайфыстмæ гæсгæ Вахтангæн æртæ фырты баззад. Дачи, йæ хистæр фырт, йæ бынтæ райста æмæ сси Иберийы нæуæг паддзах, æмæ фæстæмæ Ираны дæлбардзинадмæ бахызт. Йæ дыууæ кæстæр фырты, Леон æмæ Мирдат, хицаиуæг кæнын байдыдтой Кларджети æм Джавахетийы, æмæ Леонты байзадзæгтæ, Гурамидтæ, хаст уыдысты про-ромаг политикæйыл. Сæ дыууæ мыггагджы дæр 8-æм æнусы онг цардысты Иберийы, стæй та сæ фаивдтой Багратионтæ.[4]
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.