Болгарийы Фыццаг паддзахад у, Балканы æрдæгсакъадахыл чи уыдис, болгайраг адæмы уыцы фыццаг паддзахады традицион ном. Уыцы паддзахад фæзындис 681-æм азы æмæ фехæлдис 1018-æм азы.

Краткие факты Болгарийы Фыццаг паддзахад, Сæйраг сахар ...
Историон паддзахад
Болгарийы Фыццаг паддзахад
болг. Първo българско царство
Thumb
Болгари 895-æм азы
 
 
 
 
 
 
681  1018

Сæйраг сахар Плискæ
(681—893)
Преслав
(893—968/972)
Скопье
(972—992)
Охрид
(992—1018)
Томоррницæ
(1018)
Æвзаг булгайраг, рагон славяйнаг, византийаг[1][2][3][4][5]
(680—893)
рагон славяйнаг
(893—1018)
Официалон æвзаг булгайраг, рагон славяйнаг, византийаг
Дин тенгризм æмæ славяйнаг муртатдзинад
(680—864)
растуырнæг дин
(864—1018)
Фæзуат 440 000 км² (895)[6]
Хицауиуæджы хуыз монархи
Династи Дуло, Вокил, Крумы династи, Комитопултæ
Паддзахады хицаутæ
Болгарийы хан
  680700 Аспарух (фыццаг)
Болгайрæгты æмæ грекъæгты император
  893927 Симеон I (фыццаг паддзах)
  1018 Пресиан II
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа
Закрыть

395-æм азы Ромы импери куы фехæлдис, нырыккон Болгарийы зæххытæ бацыдысты Скæсæн Ромы империмæ. Нæ эрæйы VII æнусæй, Адæмты стыр гоцы (ралидзынады) рæстæг, бæстæмæ лидзын байдыдтой хуссайраг славяйнæгтæ. Тагъд рæстæджы уыдон сассимиляци кодтой фракиæгты.

Уыцы рæстæг Азовы денджызы цур фæзынди Стыр Болгари (Фанагори уыд йæ сæйраг сахар) — рагболгайраг адæмы фыццаг паддзахад, цалдæр тюркаг адæмы чи иу кодта, ахæм. Рагболгайрæгтæ цæугæцард кодтой, æмæ нырыккон адæмтæй бирæтæм зыны уыцы рагон знæмты тæваг. Уыцы паддзахад бирæ нæ ахаста, йæ фыццаг хан Кубрат куы амард, уыимæ йæ ханад дæр ныддихтæ. Кубраты фырттæй иу, Аспарух, ныгуылæнырдæм ацыд æмæ фæс-Днепры æмæ, бынæттон славяйнæгты æмцæдисæй, 681-æм азы сарæзта дзы ног болгайраг паддзахад — историографийы йæ хонынц Болгарийы Фыццаг паддзахад. Дунайы донæфтæны ног паддзахадæн бантыст суанг Византийыл фæуæлахиз уын, æмæ уæдæй Византийы импери болгайрæгтæн фыста хъалон. Ног паддзахады сæйраг сахар сси Плискæ (нырыккон Болгарийы Шумены облæсты у).

Болгарийы Фыццаг паддзахады цардысты рагболгайрæгтæ, славяйнæгтæ æмæ фракиæгтæ. Уыдон иу адæм систы (славяйнаг болгайрæгтæ кæнæ хуымæтæджы болгайрæгтæ) æмæ славяйнагау дзурын байдыдтой.

IX æнусмæ Болгарийы скондмæ бацыд Авайраг каганаты зæххытæ.

Thumb
Болгарийы Фыццаг паддзахад йæ тæмæны. Паддзах Симеон I-æмы рæстæг

865-æм азы онг болгайраг хицауиуæггæнджытæ хуындысты хантæ. Борис I-æмы рæстæг та паддзахад византиæгтæй райста чырыстон дин, уæдæй фæстæмæ хицауиуæггæнджыты титул уыди кънйаз (болг. княз) кæнæ та паддзах (болг. цар). Паддзах Симеон I куы хицауиуæг кодта (893927), паддзахады тых йæ тæмæны уыд, йæ арæнтæм бахауд егъау фæзуаты зæххытæ (кæс картæйыл), сæйраг сахар сси Преслав (раздæры муртаттаг сæйраг сахары бæсты). Паддзах Симеоны рæстæг культурæ дæр райтынг, фæзындысты славяйнаг æвзагыл фыст чингуытæ.

Симеоны фæндыд Византийы импери фехалын æмæ йæ сæргъы слæууын. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд, йæ амæлæты фæстæ та йæ дыккаг фырт Петр йæхи импери фехæлдта. Болгари къаннæг кæнын байдыдта, ууыл Византи æмæ венгриæгтæ куы уæлахиз кодтой, уæд. Фæстаг тыхджын басаст уыд Киевы кънйаз Святославы балц — Игоры фырт Святослав байста суанг болгайраг сæйраг сахар дæр. Уæдæй фæстæмæ Болгари нал уыд хæдбар, йæ сæйраг хай (нырыккон Болгари) бацыдис Византийы империйы скондмæ.

Уыимæ ма кæс

  • Болгарийы Дыккаг паддзахад
  • Болгарийы Æртыккаг паддзахад
  • Болгари

Фиппаинæгтæ

Wikiwand in your browser!

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.

Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.