Анапæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
Ана́пæ (уырыс. Анапа) у курортон сахар Уæрæсейы Краснодары крайы Сау денджызы былгæрон. Цæрынц дзы 75,4 мин адæймаджы (2017), сæ нымæц рæзы.
Сахар | |||||
Анапæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Анапа | |||||
|
|||||
44°53′40″ с. ш. 37°19′00″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Краснодары край | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1781 | ||||
Сахар кæдæй | 1846 | ||||
Фæзуат | 58,98 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗88 879[1] адæймаджы (2020) | ||||
Национ сконд | уырыссæгтæ, сомихæгтæ, украинæгтæ | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 86133 | ||||
Посты индекс | 353440–353458 | ||||
anapa-official.ru(уырыс.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Анапæ у климатологон æмæ бальнеологон курорт, зындгонд у куыд сывæллæтты дзæбæхгæнæн.
2011-æм азы сахар райста «Хæстон намысы сахар»-ы кадджын ном.
Анапæ æрбынат кодта Краснодары крайы ныгуылæны, Сау денджызы былгæрон. Мæскуыйæ у 1500 км дард, Краснодарæй — 190 км, Сочийæ — 360 км. Анапæ лæууы Стыр Кавказ æмæ Таманы æрдæгсакъадахы ’хсæн.
Сæрдыгон рæстæг денджызæй æрбацæугæ дымгæ фенцондæр кæны бынæттон цæрджыты цард. Анапæйы змисджын пляж у æппæт Уæрæсейы зындгонд, тæнæг дон хорз схъарм вæййы, йæ температурæ схизы 25 °C онг. Зымæг вæййы асæст, фæлæ хъарм, иуæй-иу хатт уазал дæр вæййы[2].
Сахары ууылты цæуы Анапкæйы дон æмæ Сау денджызмæ бакæлы.
Анапæмæ хæстæг Кавказы хæхтæ бæрзонд не сты, 200 метрæй ныллæгдæр (уый тыххæй дымгæ хæрдмæ не схизы æмæ къавдатæ нæ цæуынц, уымæй бæстыхъæд у хус, зæххастæуденджызон типы). Хæхтæ сты хъæдæй æмбæрзт.
Анапæйы бынаты рагзаманы цардысты синдаг адæм, сæ сахар хуындис Синдикæ. Боспоры паддзахадмæ куы бацыдис, уæд æндæр номæй сси хъуыстгонд — Горгиппи, зæгъгæ. Горгиппийæн йæ хуыздæр заман уыдис III æнусы онг, фæстæдæр варварты къухæй дæрæнгонд æрцыдис.
XIV æнусы Анапæйы бынаты фæзындис генуэзаг колони Мапа. Генуйæгтæ дзы сарæзтой фидар гæнæх, уый ссарæн ис йæ рæстæджы географион картæтыл.
1395-æм азы Тамерлан абалц кодта Тохтамышы ныхмæ, фидармæ цур цы цæрæнран уыдис, уый дæр фехæлдта.[3].
1475-æм азы, султан Мехмед II Тыхгæнæг Османты империйы æлдæриуæг куы кодта, Кафæмæ цæуæг Гедик Ахмед-пашайы æфсад байста Анапæйы фидар дæр æмæ дзы ныууагъта туркæгты гарнизон[4].
1641-æм азы туркаг фыссæг Эвлия Челеби бабæрæг кодта Анапæ æмæ йæ цыбыр афыст ныууагъта. Куыд фыста, афтæмæй Анапæйы фидар лæууы бæрзонд бынаты, фæлæ гарнизон дзы кæй нæ уыд, уый аххосæй цалдæр хаты стыгъд æрцыдис Доны хъазахъхъæй. Анапæйы наулæууæн стауы, Челебимæ гæсгæ 1000 науы дзы сæвæрæн ис æдасæй. Фидары алфамбылай цы адæм цæры, уыдон хоны шефаки — уыдон, дам, бирæ не сты, фæлæ хъалон фидынц æрмæстдæр тыхæй æмæ аразынц змæстытæ. Челебийы хъуыдымæ гæсгæ, фидары гарнизон фаг куы уа, уæд паддзахады бон уаид черкесæгты уисæны дарын[5].
Историк Ф. К. Бруны хъуыдымæ гæсгæ черкесаг знæм шегаки (хегайки) сахар байсыны агъоммæ чырыстон уыдис, уымæн æвдисæн сты туркаг фыссæг Хаджа-Хальфайы ныхæстæ, уый фыста шегаки, дам, йæ рæстæджы онг (XVII æнусы) чырыстон диныл хаст уыдысты.
Анапæ уыдис цагъайрæгтæ уæй кæныны æртдзæст, суанг мæ XIX æнусы дæр фембæлæн дзы уыдис уырыссаг уацайрæгтыл[6].
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг курорт бынтон дæрæн æрцыдис.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.