Амазонкæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Амазо́нкæ (порт. Amazonas, исп. Río Amazonas) у цæугæдон Хуссар Америкæйы, йæ бассейны бæрцуат, йæ донарæх (уырыс. полноводность) æмæ йæ дæргъмæ гæсгæ у дунейы тæккæ егъаудæр цæугæдон. Сæвзæры дыууæ цæугæдоны, Мараньон æмæ Укаяли, куы баиу вæййынц, уыцы ранæй. Йæ дæргъ Мараньйоны сæйрагдæр гуырæнæй 6437 км, 20 æнусы кæрон цы гуырæн Апачетæ ссардæуыд, уырдыгæй та 7000 км хæстæг, Укайалийы гуырæнæй та 7000 км фылдæр. Бассейны фæзуат 7 180 мин км² (æндæр бæрæгнæнæнтæм гæсгæ та 6 915 мин км²).
Амазонкæ | |
---|---|
порт. Amazonas, исп. Río Amazonas | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 6992,06[1] км |
Бассейны фæзуат | 7 180 000 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Мараньон, Укаяли, Журуа, Пурус, Мадейра, Тапажос, Шингу, Токантинс, Иса, Жапура, Риу-Негру |
Доны хардз | 230000 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Мараньон æмæ Укаялийы баиу |
· Бæрзæнд | 110 м |
Донæфтæн | Атлантикон фурд |
· Бæрзæнд | 0 м |
Ран | |
Амазонкæйы бассейн | |
Паддзахæдтæ | Перу, Колумби, Бразили |
Амазонкæйы бассейны фылдæр хай хауы Бразилимæ, хуссар-ныгуылæн æмæ ныгуылæны районтæ та — Боливийæн, Перуйæн, Эквадорæн æмæ Колумбийæн. Амазонкæ фылдæр кæлы Амазонкæйы дæлвæзыл экваторы фæрсты, æфты Атлантикон фурдмæ æмæ аразы дунейы тæккæ стырдæр дельтæ (йæ фæзуат у 100 мин км² фылдæр).
Амазонкæйы æфсадынц бирæнымæцон фæрсагдæттæ: иу-20 дзы сты 1500 км даргъдæр.
Тæккæ дзæвгардæртæ: рахизырдыгæй — Журуа, Пурус, Мадейра, Тапажос, Шингу, Токантинс; галиуырдыгæй — Иса, Жапура, Риу-Негру.
Доны астæуккаг хардз дæллаг гуылфæны у 220 мин м³/с мæ æввахс (ивы сезонтæм гæсгæ 70-æй 300 мин м³/с æмæ фылдæр). Азмæ дзы доны хардз вæййы 7000 км³ (15% азы дунейы цæугæдæтты доны хардзæй. Фидар акæлæн — 1 миллиард тоннæй фылдæр. Æрбаивылдтытæ хъарынц цæугæдоныл уæлæмæ 1400 км æмæ донæфтæны саразынц поророкæ.
Фæрсагдæттимæ Амазонкæ аразы мидæггаг доны фæндæгты системæ йæ дæргъ 25 мин км-æй фылдæр кæмæн у, ахæм. Амазонкæйы сæйраг донвæд наудзон у 4300 км уæлæмæ суанг Андты уонг. Сахар Манаусы уонг (1690 км донæфтæнæй) уæлæмæ цæуынц денджызон наутæ.
Сæйраг наулæууæнтæ (дæлæйæ уæлæмæ): Белен, Сантарен, Обидус, Манаус (Бразили), Икитос (Перу).