Æмхъæлæсон
From Wikipedia, the free encyclopedia
Æмхъæлæсонтæ алыхуызон сты хурхы уадындзты архайдмæ гæсгæ: уыдон æлвæст куы вæййынц æмæ куы фезмæлынц, хурхæй зыланг куы ссæуы, уæд равзæрынц зылангон æмхъæлæсонтæ /б, в, г, гъ/. Хурхы уадындзтæ куы нæ фезмæлынц, уæд та æрмæст сыбырттæй равзæрынц æзылангонтæ /к, къ, п, ч/ æмæ æндæртæ[1]. Дыууæ къорды мыртæй цалдæр сæ кæрæдзиимæ аразынц къæйттæ /б-п, в-ф/ æмæ æндæртæ.