From Wikipedia, the free encyclopedia
Виоле́тæ Ба́рриос То́ррес де Чамо́рро (исп. Violeta Barrios Torres de Chamorro; райгуырд 1929-æм азы 18 октябры Ривасы сахары) у Никарагуæйы хистæр фæлтæры политик, 1990—1997 азты уыцы паддзахады президент. Уый æвзæрст куы æрцыд, уымæй сси Никарагуæйы фыццаг ус-президент æмæ Цæгат Америкæйы дыккаг (уый размæ Гаитийы ма уыди ус-президент).
Виолетæ Барриос де Чаморро | |
---|---|
исп. Violeta Barrios de Chamorro | |
1990-æм азы 25 апрелы — 1997-æм азы 10 январы | |
Вице-президент | Вирхилио Годой |
Раздæр чи уыд | Даниэль Ортега |
Фæстæдæр | Арнольдо Алеман |
Райгуырдис |
1929-æм азы 18 октябры[1][2][…] (95 азы) |
Гуырæн ном | Виолетæ Барриос Торрес |
Фыд | Карлос Барриос Сакас |
Мад | Амалия Торрес Уртадо |
Æмкъай | Педро Чаморро |
Сывæллæттæ | Педро Хоакин, Клаудиа Лусия, Кристианæ, Карлос Фернандо |
Парти | |
Ахуырад | |
Хорзæхтæ | |
Сайт | violetachamorro.org.ni |
Викикъæбицы медиа |
Виолетæ Чаморро у хъæздыг зæхджын никарагуæйаг мыггаджы минæвар, йæ мыггагæй XIX æнусы дæр цалдæр президенты æмæ дæсгай политиктæ уыд. Ахуыр кодта АИШ-ы, фæлæ йæ фыды низы аххосæй раздæхти Никарагуæмæ 1947 азы.
Сомосаты клан хицауиуæг куы кодта, Виолеттæ Чаморро уыд оппозицион журналист. Куыста газет «Ла-Пренсæ»-йы. Сандинисттæ куы фæуæлахиз сты, уæд дæр Чаморро разы нæ уыд, цалынмæ йæхæдæг президент сси, уæдмæ. Зæгъæн и, æмæ нырыккон Никарагуæйы фыццаг президент уыд, Сомосаты диктатурæ æмæ сандинистты революцион хицауады фæстæ.
Виолетæ Чаморро сарæзта йæхи фонд (Fundación Violeta Barrios de Chamorro), уыцы организаци æххуыс кæны ныхасы сæрибарæн, суинаг журналисттæ разæнгард кæны, тох кæны мæгуырдзинады ныхмæ[3].
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.