ирон адӕмы ӕвзаг From Wikipedia, the free encyclopedia
Ирон æвзаг (ирон диалект + дыгурон диалект) у ирæтты æвзаг, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны официалон æвзаг. Иронау дзурджыты нымæц у 500 мин адæймагмæ ’ввахс (Уæрæсейы 488 мины), уыдонæй Цæгат Ирыстоны — 300—350 мин адæймагмæ ’ввахс. 2010-æм азы æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ, Уæрæсейы иронау дзуры 8582 уырыссаджы, 2454 гуырдзиаджы, 1368 сомихаджы, 664 кæсгоны æмæ 320 мæхъхъæлоны[2].
Ирон æвзаг | |
---|---|
Бæстæтæ | Уæрæсе, Хуссар Ирыстон, Гуырдзыстон, Турк |
Официалон статус | |
Дзурджыты нымæц | |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
|
|
Фыссынад | кириллон алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | os |
ISO 639-2 | oss |
ISO 639-3 | oss |
ГОСТ 7.75–97 | ост 524 |
WALS | oss |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1066 |
Ethnologue | oss |
IETF | os |
Glottolog | osse1243 æмæ osse1245 |
Википеди ацы æвзагыл |
Нырыккон ирон æвзагæн ис æнгæсдзинад рагон ирайнаг æвзæгтимæ: рагон персайнагимæ, авестæйагимæ æмæ санскритимæ. Уый амоны ирæтты фыдæлтæ иннæ ирайнаг адæмтæй сæ цард раджы заман кæй фæхицæн кодтой.
Кæд ирон æвзаг у ирайнаг, фæлæ уæддæр иннæ ирайнаг æвзагтæм хæстæг нал у. Ирæттæ не ’мбарынц, зæгъæм, персайнаг кæнæ пуштуйаг ныхас. Иухуызон баззадысты нымæцонтæ, иуæй-иу дзырдтæ, грамматикæйы категоритæй фылдæр хай та фендæрхуызон и. Фæлæ ирон æвзагæн æппæтæй хæстæг у ягнобаг æвзаг, чи æвзæры рагон согдиаг диалекттæй. Ягнобаг æмæ ирон æвзæгтæ сты фæстæг цæрæг цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзæгтæ.
Зæгъæм, таджикагау «бæрзонд хох» у кӯҳи баланд — номдар миногоны раз лæууы, ис æм изафеты категори дæр (кæрон -и). Фæлæ миногоны барæн бæрц ирон æвзаджы æнгæс у: бæрзонддæр хох — кӯҳи баландтар.
Лексикæ абарынæн кæс мæнæ ахæм таблицæмæ:
иронау | мæй | нæуæг | мад | хо | æхсæв | фындз | æртæ | сау | сырх | бур | цъæх | бирæгъ |
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Æндæр индоевропæйаг æвзæгтæ | ||||||||||||
персайнагау | māh | nou̯ | mādar | xͮāhar | šab | bīnī | se | siyāh | sorx | zard | sabz | gorg |
урду | māh / māheena | nayā | mā / walda | behn | rāt | nāk | tīn | siah / kālā | surkh / lāl | pīlā | sabz / harā | bheyrya |
пушту | myāsht | nəvay | mōr | khōr | shpa | pōza | dre | tōr | sur | zhaṛ | shin | lewa |
таджикагау | моҳ (mōh) | нав (nau̯) | модар (mōdar) | хоҳар (xͮōhar) | шаб (šab) | бинӣ (bīnī) | се (se) | сиёҳ (siyōh) | сурх (surx) | зард (zard) | сабз (sabz) | гург (gurg) |
хинди | mās | nayā | mātā | bahin | rāt | nāk | tīn | kālā / shyam | lāl | pīlā | harā | bik |
англисагау | month | new | mother | sister | night | nose | three | black | red | yellow | green | wolf |
немыцагау | Monat | neu | Mutter | Schwester | Nacht | Nase | drei | schwarz | rot | gelb | grün | Wolf |
латинагау | mēnsis | novus | māter | soror | nox | nasus | trēs | āter, niger | ruber | flāvus, gilvus | viridis | lupus |
францагау | mois | nouveau | mère | sœur | nuit | nez | trois | noir | rouge | jaune | vert | loup |
италиагау | mese | nuovo | madre | sorella | notte | naso | tre | nero | rosso | giallo | verde | lupo |
испайнагау | mes | nuevo | madre | hermana | noche | nariz | tres | negro | rojo | amarillo | verde | lobo |
каталайнагау | mes | nou | mare | germana | nit | nas | tres | negre | roig / vermell | groc | verd | llop |
румынагау | luna | nou/noi | mamă | soră | noapte | nas | trei | negru | roşu | galben | verde | lup |
грекъагау | μήνας minas | νέος neos | μητέρα mitera | αδελφή adhelfi | νύχτα nihta | μύτη miti | τρία tria | μαύρος mavros | κόκκινος kokkinos | κίτρινος kitrinos | πράσσινος prassinos | λύκος likos |
литовагау | mėnuo | naujas | motina | sesuo | naktis | nosis | trys | juoda | raudona | geltona | žalias | vilkas |
болгайрагау | месец mesets | нов nov | майка maika | сестра sestra | нощ nosht | нос nos | три tri | черен cheren | червен cherven | жълт zhălt | зелен zelen | вълк vălk |
уырыссагау | месяц | новый | мать | сестра | ночь | нос | три | чёрный | красный | жёлтый | зелёный | волк |
сербагау | месец | нов | мајка | сестра | ноћ | нос | три | црн | црвен | жут | зелен | вук |
XIX æнусы кæй ссардæуыд, уыцы Зеленчукы дурыл фыст у рагон ирон фыссынады фыццаг æвдисæйнаг. Фыццаг мыхуыргонд чиныг рауагъта Синоды типографи Мæскуыйы 1798-æм азы.
Фæстæдæр ирон мыхуыры цы фыссынад ныффидар, уый у уæрæйсейаг филолог Андреас Шёгрены конд. Уымæй ныммыхуыр кодтой Евангелийы фыццаг тæлмац[3], стæй аив литературæйы фыццаг фæлварæнтæ дæр.
1923—38 азты ирон фыссынад (æндæр адæмты фыссынады хуызæн) раивын кодтой латинаг алфавитмæ. Æппæтдунеон революцийы идейæ куы къаддæр популярон сси, уæд 1938 азы фæстæмæ йæ раивтой кириллон фыссынадмæ (Хуссар Ирыстоны та — гуырдзиаг алфавиты бындурыл фыссынадмæ[4]). 1954-æм азы Хуссары дæр фыссын æмæ мыхуыр кæнын райдыдтой æппæтирон кириллион алфавитæй.
Статьяйы ацы хай фыст нæма у. |
Статьяйы ацы хай фыст нæма у. |
Статьяйы ацы хай фыст нæма у. |
Ирон æвзаджы ис дыууæ диалекты — ирон æмæ дыгурон (дигорон). Дыгурæттæ цæрынц Æрæфы æмæ Дыгуры районты, стæй Мæздæджы районы иуæй-иу хъæуы æмæ республикæйы сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.