Хъырымы тæтæр

From Wikipedia, the free encyclopedia

Хъырымы тæтæр

Хъырымы тæтæр кæнæ хъырымтæтæр (хъырымтæтæйрæгтæ; хъырымы тæтæйрагау qırımtatarlar) сты, Хъырымы чи равзæрди, уыцы адæм. Дзурынц, алтайаг æвзæгты бинонты тюркаг къордмæ чи хауы, уыцы хъырымтæтæйраг æвзагыл.

Thumb
Хъырымтæтæйрæгты æнгомад 2001-æм азы сфыстмæ гæсгæ

Хъырымтæтæйрæгты фылдæр хай цæрынц Хъырымы æрдæгсакъадахыл (260 минмæ æввахс), стæй ма цæрынц Турчы, Узбекистаны (150 минмæ æввахс), Румынийы (24 мины), Болгарийы (3 мины), Уæрæсейы. Турчы цы хъырымтæтæйрæгтæ цæрынц, уыдоны нымæц бæлвырд бæрæг нæу, уымæн æмæ уыцы паддзахады æппæт цæрджытæ нымад сты туркæгтыл æмæ уый охыл этникон сконды бæрæггæнæнтæ мыхуыргонд нæ цæуынц.

Хъырымтæтæйрæгты фылдæр хай сты суннитон пысылмæттæ (хæст сты ханафиты мазхабыл).

Хъырымтæтæйраг адæмы æртæ субэтникон къорды сты татæгтæ (уыцы адæмы фылдæр хай, татаг адæмимæ сæ ивддзаггæнæн нæй), ялыбойу æмæ ногъай (ногъайаг адæмимæ сæ ивддзаггæнæн нæй).

1944-æм азы 18 майы æппæт хъырымтæтæйрæгты, Гитлеры æфсадимæ æмгуыст кæнынæй сæ фæзылынгæнгæйæ, ахастой Хъырымæй Узбекистанмæ, цыранæй раздахын сæ къухы бафтыдис æрмæст Рацарæзты рæстæг 1980-æм азты кæрон.

Wikiwand in your browser!

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.

Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.