From Wikipedia, the free encyclopedia
Хъазахъхъаг адæм, хъазахъхъ дæр (уырыс. казаки, козаки) у скæсæйнаг славяйнæгты субэтникон къорд, Уæрæсейы империйы кæддæры ахджиаг номдарад æмæ сурзæххон æфсæдты хуыз. Уыдон цæрынц Скæсæн Европæ æмæ Уæрæсейы хуссар быдырты æмæ Хъазахстаны.
Цæгат Ирыстоны хъазахъхъаг хъæутæ (станицæтæ) баззадысты Уæрæсейы империйы заманæй — уыдонæй фылдæр сты Мæздæджы районы. Æндæр районты зынгæдæр хъазахъхъаг цæрæнрæттæ сты Æрхонкæ, Змейкæ æмæ Николаевскæйы станицæтæ. Сахар Æрыдон, Æрыдоны районы административон центр, райрæзти хъазахъхъаг станицæйæ (Ардонскæй, уырыс. Ардонская). Дзæуджыхъæуæй скæсæнырдæм цы хъазахъхъ царди (сунжæйаг хъазахъхъæгтæ), уыдон 1920-æм азы апрелы ралидзын кодтой Украинæмæ æмæ Европæйаг Уæрæсейы цæгатмæ, сæ бынаты æрцæрын кодтой мæхъхъæлæтты.
1897-æм азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ Терчы æфсады хъазахъхъæгтæ уыдысты 167 301, уыдонæй 145 508 сæ мадæлон æвзагыл нымадтой уырыссаг æвзаг, 16329 — украинаг, 2727 — хъалмыхъхъаг, 586 — белоруссаг, 252 — тæтæйраг, 29321 — æндæр æвзæгтæ. Уыцы фæстаг нымæцы, Ф. С. Киреевы иртасæнтæм гæсгæ, фылдæр хай уыдысты ирон равзæрды хъазахъхъæгтæ[1].
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.