Сандинисттæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Сандинисттæ (Национ Ссæрибары Сандинистон Фронт (аббр. НССФ, исп. Frente Sandinista de Liberación Nacional, аббр. FSLN) у Никарагуæйы радикалон галиу политикон парти. Хуыйны никарагуæйаг революционер Аугусто Сандинойы номæн.
Партийы бындур 1961-æм азы сæвæрдтой радикалон студенттæ. Дæргъвæтин рæстæг партийы сæйраг нысан уыд Сомосаты диктаторты династийы ныхмæ тох кæнын. Уыцы архайд 1979 азы æнтыстджынæй фæци, фæстаг диктатор Анастасио Сомоса Дебайлейы бахъуыди бæстæйæ ралидзын, фæстæдæр æй амардтой Парагвайы.
1979—1990 азты сандинисттæ хицауиуæг кодтой Никарагуæйы. Уыдоны хъуыди сæ тох дарддæр кæнын — бæстæйы хъæдты архайдтой Contras, рахиз партизантæ.
Партийы разамонæг бирæ азты дæргъы у Даниэль Ортега, уый у Никарагуæйы нырыккон президент.
Ацы уац Никарагуæйы тыххæй къæртт у, ома æрдæгцæттæ. Википедийæн баххуыс кæн æмæ ацы уац раст æмæ стырдæр скæн. |