Ирон адæм
From Wikipedia, the free encyclopedia
Ирон адæм (ир, ирæттæ, дыгур. ирæ, ирæнттæ) cты цæгат-скæсæйнаг ирайнаг æвзагыл дзурæг адæмыхатт, сæ фылдæр хай цæры Ирыстоны (Хуссар æмæ Цæгаты дæр). Ирæттæ дзурынц ирон æвзагыл, уыдонæй сæ фылдæрæй дæр сты дывзагон (зонынц ма уырыссаг æвзаг, цалдæр раны та — гуырдзиаг кæнæ туркаг).
Ирæттæ | |
---|---|
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: ▲ 700 000 | |
Уæрæсе: 528 515 (2010)[1], 514 875 (2002)[2]
Хуссар Ирыстон: 48 146 (2015)[3]
Украинæ: 8834 (2010)[9] |
|
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | ирон |
Дин | чырыстон дин, пысылмон дин, ирæтты адæмон дин |
Кæй сконды у | ирайнаг адæмтæ |
Этникон дæлкъордтæ | дыгур, ир |
Фыдæлтæ | алайнæгтæ, сæрмæттæ, кавказаг адæмтæ |
Викикъæбицы медиа |
Ирон æвзаг дих кæны дыууæ диалектыл: ирон æмæ дыгурон. Уыдоныл дзурæг адæмы хонынц ир æмæ дыгур.
Ирæттæ равзæрдысты ирайнаг цæугæцардгæнæг знæмæй, алантæй, кæцытæ гуннты ныббырсты фæстæ æрбынат кодтой Кавказы æмæ дзы сарæзтой тыхджын æстæузаман паддзахад, Алани. XIV æнусы, Тамерланы ныббырсты фæстæ, сæ баззайæггагтæ дарддæр хæхтæм алыгъдысты, æрцардысты Кавказы хæхты хуссар æмæ цæгат фæрстыл æмæ райдийæн радтой нырыккон ирæттæн.