Ирæд
From Wikipedia, the free encyclopedia
Ирæд (дыгур. æруæд) у къайады ныхмæ исбон дæттыны æгъдау. Ирæд Ирыстоны уыдис Цæгат Кавказы æппæты стырдæртæй, XIX æнусы ирæд фыстой стыр æмæ лыстæг сыкъаджын фосæй. Сæ нымæц-иу хæццæ кодта дæсгæйттæм æмæ суанг фондзыссæдзгæйттæм дæр, ноджы лæвæрдтой зынаргъ дзаумæттæ, хъуамæ се ’хсæн æнæмæнг уыдаид зынаргъ хæцæнгæрзтæ, егъау æрхуы æгтæ. Ирæды æхца æрæмбырд кæнынæн бирæ азтæ хъуыдис, уый аххосæй нæлгоймæгтæ ус æрæгмæ куырдтой, лæг-иу йæ усæй бирæ хистæр уыдис, стæй чызджыты скъæфгæ дæр уый тыххæй кодтой. Скъæфын та-иу арæх туг расайдта.