Венесуэлæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Венесуэлæ (исп. Venezuela [be̞ne̞ˈswe̞la]) у паддзахад Хуссар Америкæйы цæгаты, Карибы денджызы былгæрон. Испанийы раздæры колони (1522-æм азæй), Венесуэлæ сси хæдбар паддзахад 1821-æм азы, дæргъвæтин сæрибаргæнæн хæсты фæстиуæгæн.
Боливарон Республикæ Венесуэлæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
República Bolivariana de Venezuela | |||||
| |||||
Гимн: «Gloria al bravo pueblo» | |||||
Официалон æвзаг | испайнаг | ||||
Сæйраг сахар | Каракас | ||||
Стырдæр сахартæ | Каракас, Маракайбо, Валенси | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Президент | Николас Мадуро | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 916 445 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 0,3 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд | 27 730 469 ад. | ||||
• Æнгомад | 30,2 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2004) | 144 346 млн. долл. | ||||
Валютæ | Венесуэлæйы боливар (VEB) | ||||
Интернет-домен | .ve | ||||
Код ISO | VE | ||||
ÆОК-ы код | VEN | ||||
Телефонон код | +58 | ||||
Сахатон таг | -4 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Сурзæххыл Венесуэлæйæн ис арæнтæ Бразили, Гайанæ æмæ Колумбиимæ. Паддзахады фæзуат у 916.445 км², цæрынц дзы 26,4 милуан адæймаджы. Венесуэлæйы сæйраг сахар у Каракас. Паддзахадон тырысайы хуызтæ сты бур, арвхуыз æмæ сырх: бур нысан кæны бæстæйы бæркад, арвхуыз нысан кæны æхсар æмæ ныфс, сырх нысан кæны Испанийæ хæдбардзинад.
Ныры Венесуэлæйы цæрджытæй фылдæр цæрынц сахарты (85%). Цæрджыты 73% цæрынц, Карибы денджызæй 100 км дарддæр чи не сты, ахæм цæрæнрæтты бæстæйы цæгаты. Кæд Венесуэлæйы зæххытæй æрдæг у Оринокойы хуссарырдæм, уым бæстæйы цæрджыты айдагъ 5% цæрынц.
Экономикæйы сæйраг къабаз у нефт къахын (экспорты 80%, хицауады æфтиагæй æрдæг). Венесуэлæ сси зындгонд куыд, дунейы асламдæр бензин кæм уæй кæнынц, ахæм паддзахад.