Африканистикæ у, Африкæйы адæмты æмæ бæстæты истори, экономикæ, литературæ, æвзæгтæ, аивад, дин, философи, этнографи, стæй æрмæгон æмæ монон культурæйы æвдисæйнæгтæ чи иртасы, уыцы зонадон дисциплинæты æмдзыгуыр.
Уæрæсейы зонадон традицимæ гæсгæ африканистикæмæ хауы, Сахарæйы хуссардæр цы африкæйаг бæстæтæ ис, уыдон (ома Африкæйы араббаг бæстæтæ иртасы ориенталистикæ). Астæузаманты Африкæ иртасынмæ дынджыр хай бахастой араббаг ахуыргæндтæ, сæудæджергæнджытæ æмæ бæлццæттæ, зæгъæм, Аль-Масуди, Аль-Идриси, Ибн Хальдун, Африкайаг Лев æмæ æндæртæ. Уыдон балцы уыдысты Цæгат, Ныгуылæн æмæ Скæсæн Африкæйы. Сæ куыстытæ, мидафрикæйаг фысгæ æрмæг кæй нæй, уый охыл нымад сты астæузаманы Африкæйы историйы тыххæй зонæнты иунæг ратæдзæнтæ.
Ног заманы Африкæ иртасыны хъуыддаг баст уыди, европæйæгтæ континетмæ куыд æгъдауæй æмæ куыд арф цыдысты, уыимæ. 1795-æм азы сарæзтæуыд Лондоны географион æхсæнад, 1821-æм азы та — Парижы географион æхсæнад. Уыдон дæр зынгæ хайбавæрд бахастой Африкæ иртасыны хъуыддагмæ.
Уæды заманы зынгонддæр бæлццæттæ уыдысты М. Парк, Д. Ливингстон, Г. Барт, Г. Швейнфурт, Р. Кайе, А. Булатович.
XIX æнусы кæронæй Европæйы университетты (Берлины университеты 1887-æм азæй фæстæмæ) æмæ сæрмагонд скъолаты (колониалон администрацийæн кадртæ чи цæттæ кодта, уыдоны) райдыдтой ахуыр кæнын африкæйаг æвзæгтæ.
Уæрæсейы Федерацийы суинаг африканисттæ ахуыр кæнынц мæнæ ацы ахуырдæтты:
- Мæскуыйы паддзахадон университеты цур Ази æмæ Африкæйы бæстæты институт.
- Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады университет МГИМО.
- Бетъырбухы паддзахадон университеты скæсæны факультет.
æмæ иуæй-иу æндæрты.
Бæстæйы сæйрагдæр иртасæн центр у Уæрæсейы зонæдты академийы Африкæйы институт.
Wikiwand in your browser!
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.