Джомолунгмæ
Джомолунгмæ, Эверест, кæнæ Сагарматхæ у тæккæ бæрзонддæр цъупп Зæххыл, йæ бæрзонд алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 8844,43 кæнæ 8848, кæнæ 8852, кæнæ 8850 м, лæууы Гималайты. Хох æвæрд у Непал æмæ Китайы Тибеты автономон районы арæныл, цъупп Китайы ис ’рдыгæй. Йæ формæмæ гæсгæ у пирамидæйы хуызæн, хуссарварс у уырдыгдæр. Хохæй алырдæм бырынц æмæ кæлынц цъититæ, кæдонæн сæ кæрон ис 5 мин метры бæрзондыл. Хуссарварс æмæ пирамидæйы фæрсчытыл мит æмæ фирн нæ лæууынц, æмæ уымæн вæййынц гом. Хохы цыдæр хай хауы Национ парк Сагарматхæмæ (Непал).
Read article