From Wikipedia, the free encyclopedia
Уалытæ (уырыс. Валиевы; гуырдз. ვალიშვილი[1][2]) сты ирон мыггаг.
Мыггаджы фыдæл хуынд Уали. Уымæн уыд авд фырты, цард Бырытъаты хъæуы. Лæппуты хуыдтой сæ фыды номæй — Уалытæй. Ацы хъæуæн æлдариуæг кодта Иуане Мачабели. Иу заманы йæ къухæй мард æрцыдысты Уали æмæ йе ’хсæз фырты. Удæгасæй ма дзы аирвæзт иу æфсымæр. Уый алыгъд Зонкъармæ. Уым ракуырдта ус, фæзынд ын цæуæт. Уалытæ Зонкъары бирæ фæцардысты, фæлæ зæхх цух кæй уыдысты, уымæ гæсгæ ралыгъдысты быдырмæ æмæ сырæзт Уалытыхъæу, фæлæ дзы ныр ничиуал цæры, фæлыгъдысты фæйнæрдæм.[3]
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.