From Wikipedia, the free encyclopedia
Тедеты Отары фырт Бахвæ (райгуырдис 1969-æм азы 18 сентябры, Цхинвалы) у Уæрæсейы футболист (æрдæгхъахъæнæг; раздæр уыдис размæбырсæг). Ныртæккæ у Хуссар Ирыстоны физикон культурæ, спорт, туризм æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл министры хæдивæг.
| |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Тедеты Отары фырт Бахвæ | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1969-æм азы 18 сентябры[1][2] (55 азы) Цхинвал, Хуссар Ирыстон |
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ССРЦ, Уæрæсе | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 179 см | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | æрдæгхъахъхъæнæг | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
Бахвæ райгуырдис Цхинвалы. Футболæй райдыдта хъазын 1979-æм азы йæ райгуырæн сахары ДЮСШ-ы (уырыс. детско-юношеская спортивная школа). Йæ тренер уыдис Гæззаты Б.
Тедейы-фырт хъуыстгонд спортсмен ссис, Дзæуджыхъæуы футболон клуб «Алани»-йы хъазын куы райдыдта, уæд. Æдæппæтæй дзы фæхъазыдис 10 азы (1990–1992, 1994–1997, 1999–2001). Йæ хъазыны карьерæ куы фæцис, уæд Бахвæ цалдæр хатты уыдис «Алани»-йы сæйраг тренер (2002, 2003–2004, 2005).
Тедеты Бахвæ у, Уæрæсейы чемпионаты кæй бакъуырдта, уыцы пуртиты нымæцмæ гæсгæ «Алани»-йы рекордсмен — 50 пуртийы. Æдæппæтæй Уæрæсейы чеспионаты бакъуырдта 59 пуртийы æмæ уыцы бæрæггæнæнмæ гæсгæ æппæт хъазджыты номхыгъды ахсы 18-æм бынат.
1993–1994-æм азты Тедейы-фырт Уæрæсейы иугонд командæйы ахъазыдис 6 матчы æмæ бакъуырдта иу пурти. Уый размæ ма хъазыдис ССР Цæдисы æрыгон лæппуты æмæ фæсивæды командæты. 1990–1991 азты Бахвæ ахъазыдис 3 матчы ССР Цæдисы олимпаг иугонд командæйы.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.