Суниттæ (арабб. أهل السنة Ахль ас-Су́нна — суннæйы адæм) — афтæ хуындæуы, пысылмон дины здæхтытæй иу, йæ дингæнджыты нымæцмæ гæсгæ тæккæ парахатдæр чи у, уыдоны.

Шиитæгтæй хъауджыдæр суннитæтæм гæсгæ Али ибн Абу Талибы æмæ йæ фæдонтæн нæй пехуымпар Мæхæмæты бындар уæвыны айдагъон бар (уырыс. исключительное право). Уымæй уæлдай ма ацы дыууæ пысылмон здæхты фарсхæцджыты ’хсæн ис æндæр хъауджыдзинæдтæ (юридикон тæрхæттæ хæссыны принципты, бæрæгбонты, æндæрдинонтæм ахастдзинадмæ гæсгæ, ракуывдтыты æмæ æнд.).

Сунниттæ сты æппæт пысылмæтты 90%, сæ иумæйаг нымæц у 1,12 млрд адæймаджы.

Суннитты цæстæнгасмæ гæсгæ халифаты тыхбар хъуамæ уа, æгас уммæ кæй равзары, уыцы халифы къухы.


Wikiwand in your browser!

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.

Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.