From Wikipedia, the free encyclopedia
Йоганн Хризостом Вольфганг Теофил Моцарт (немыцаг æвзагыл Joannes Chrysostomus Wolfgangus Theophilus Mozart [ˈvɔlfɡaŋ amaˈdeus ˈmoːtsaʁt] немыц куыд зæгъынц ; райгуырдис 1756-æм азы 27 январы Зальцбурджы, амардис 1791-æм азы 5 декабры Венæйы), кæнæ Вольфганг Амадей Моцарт, у разагъды австриаг композитор, инструменталист æмæ дирижёр. Гайдн æмæ Бетховенимæ у Венæйы классикон скъолайы зынгæдæр минæвар.[10]
Вольфганг Амадей Моцарт | |
---|---|
нем. Johann Chrysostomos Wolfgang Gottlieb Mozart | |
Иумæйаг информаци | |
Гуырæн ном | лат. Joannes Chrysostomus Wolfgangus Theophilus Mozart[1][2] |
Райгуырды датæ | 1756-æм азы 27 январы[2][3] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1791-æм азы 5 декабры[6][7][…] (35 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | композитор, музыкалон педагог, пианист, музыкант, органист, скърипкæйæдзæгъдæг |
Сфæлдыстады азтæ | 1761 — 1791[9] |
Инструменттæ | орган[d], клавикорд[d], клавесин[d], молоточковое фортепиано[d], скърипкæ[d], альт[d] æмæ фортепиано[d] |
Жанртæ | музыка эпохи классицизма[d], сардана[d], камерон музыкæ[d], оперæ æмæ симфони[d] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Инструмменттæй цæгъдын æмæ музыкæ фыссын райдыдта фондзаздзыдæй. 1781-æм азы æрцардис Венæйы æмæ тагъд рæстæджы сси уыцы сахары хуыздæр пианист. Уым ныффыста оперæ «Сералæй скъæфт» (нем. Die Entführung aus dem Serail), фыццаг æй сценæйыл равдыстой 1782-æм азы 16 июлы; оперæ театрдзауты зæрдæмæ тынг фæцыди, æмæ Моцарт зындгонд сси куыд композитор дæр.
1782-æм азы Моцарт ракуырдта ус, Констанцæ; райгуырдис сын æхсæз сывæллоны.
1791-æм азы Прагæйы Моцарт фæрынчын ис æмæ 5 декабры амардис 35-аздзыдæй.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.