Кюстендилы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
Кюстендилы облæст (болг. Област Кюстендил) у Болгарийы Хуссар-Ныгуылæн регионы облæст. Йæ административон центр у сахар Кюстендил.
Облæст | |
Кюстендилы облæст | |
---|---|
болг. Област Кюстендил | |
42°15′ с. ш. 23°00′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Болгари |
Админ. центр | Кюстендил |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1999-æм азы 8 январы |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | BG-10 |
Автомобилон код | KH |
Официалон сайт | |
Викикъæбицы медиа |
Облæсты цæрынц 155 907 адæймаджы (2008 азы 15 июлмæ)[2].
Цæгаты облæст æмарæн у Перничы облæстимæ, скæсæны — Софияйы облæстимæ, хуссары — Благоевграды облæстимæ, ныгуылæны та — Серби æмæ Македониимæ.
Облæст цы территори ахсы, уый фæзуат у 3084,3 км² (Болгарийы фæзуатæй 2,7 %).
Административон æгъдауæй облæст дихгонд у фараст хъæубæстæйыл:
Кюстендилы сахары йеддæмæ облæсты ма ис æндæр 6 сахары — Бобов-Дол, Бобошево, Дупницæ, Кочериново, Рилæ æмæ Сапарева-Баня. Æдæппæт цæрæнуæтты нымæц у 182[3].
Кюстендилы облæсты лæууы болгайраг нацийы сæйрагдæр кувæн бынæттæй иу — Рилæйы моладзандон. 1983 азы ЮНЕСКО йæ рахуыдта дунейы культурæйы хæзна. Хæххон моладзандоны алфамбылай цы зæххытæ и, уыдоныл 1986 азы арæзт æрцыд æрдзæвæрæн «Рилы моладзандоны хæхтæ» (3676,5 га).
Облæсты ис, сæ бæрзæнд 2000 метрæй фылдæр кæмæн у, дæсгай ахæм цъуппытæ: Голям купен (2731 м), Чернæ полянæ (2716 м), Рилец (2713 м), Поповæ капæ (2704 м) æмæ æндæртæ.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.