From Wikipedia, the free encyclopedia
«Картлис цховреба» (гуырдз. ქართლის ცხოვრება — «Картлийы/Гуырдзыстоны цард») у æстæуккаг æнусты фыст гуырдзиаг азгайфыстыты æмбырдгонд, у гуырдзиаг историйыл иууыл ахсджиагдæр ратæдзæн. Сфæлдыстæуыд XII æнусы.[1]
Гуырдзыстоны историйæ йеддæмæ стыр ахадындзинад йын ис Ирыстоны историйы иртасæнты: кæд иу алайнаг азгайфыст дæр нæ рæстæгмæ нæ фервæзт, Картлис Цховребайы ис ссарæн аллон паддзæхты æмæ аллон паддзахады цауты кой дæр: Урдуре, Дургулел, Ос-Бæгъатыр æмæ æндæртыл.[2]
Азгайфыст æрæмбырдæуыд бирæ æндæрхуызон фыстытæй, кæцытæ фыст æрцыдысты IX—XIV æнусты. Сæ рафысты рæстæг æмæ чи сæ ныффыста, уый зонынадон æхсæнæды у æппынæдзух быцæуты сæр. Ахсджиагдæр автортыл нымайынц Леонти Мровели æмæ Джуаншер Джуаншерианийы. Кæд бирæ ахуыргондтæ æнхъæлынц, йæ фыццаг рауагъд XI æнусы кæй æрцыд, цалдæртæ, кæй æхсæн ахсджиагдæр бынат ахсы профессор Кирилл Туманов, афтæ æнхъалынц, æмæ 800-æм азмæ ’ввахс йæ фыссын байдыдтой. Йæ æрыгондæр тексттæ фыст æрцыдысты XIV æнусы. Каноныл кæй нымайынц, уыцы верси æрфидар кодта Картлийы паддзах Вахтанг VI XVIII æнусы.[1]
Ныры рæстæджы кæмæй пайда кæнынц, уыцы къухфыстытæ сæхæдæг сты æрыгон: уыдонæн сæ рагондæр хуыйны Анасеули кæнæ Анна-ус-паддзахы къухфыст, æрфыстæуыд 1479-1495 азты фæлтæры. Æндæр къухфыст ис ноджы æрыгондæр, хуыйны Мариамисеули кæнæ Мариам-ус-паддзахы къухфыст, æрфыстæуыд 1633-1645/1646 азты. Фæлæ уыдонæй йеддæмæ ма ис Картлис цховребайы сомихаг тæлмæц, кæцы хуыйны Гуырдзиæгты истори (Patmut'iwn Vrats'): уый, иртæсджытæм гæсгæ, тæлмацгонд æрцыд XII æнусы, йæ рагондæр ирвæзгонд къухфыст та фыст æрцыд 1279-1311 азты.[1]
Ирон ном | Гуырдзиаг ном | Гуырдзиаг номы транслитераци | Рафыссæны рæстæг | Авторы ном | Цы рæстæгыл дзуры |
---|---|---|---|---|---|
Картлийы паддзæхты цард | ცხოვრება ქართუელთა მეფეთა | tskhovreba kartuelta mepeta | XI æнус | Леонти Мровели | V æнус нæ дуджы æгъоммæ — IV æнус ныры дуджы |
Вахтанг Горгасалийы цард | ცხოვრება ვახტანგ გორგასლისა | tskhovreba vakhtang gorgasalisa | XI æнус | Джуаншер Джуаншериани | V-VIII æнустæ |
Арчилы хъизæмардзинад | წამება წმიდისა და დიდებულისა არჩილისი | tsameba tsmidisa da didebulisa archilisi | XI æнус | Леонти Мровели кæнæ Джуаншер Джуаншериани | 736–786 |
Картлийы хроникæ | მატიანე ქართლისა | matiane kartlisa | XI æнус | æнæном автор | 786–1072 |
Паддзæхты паддзах Давиды цард | ცხოვრება მეფეთ მეფისა დავითისი | tskhovreba mepet mepisa davitisi | XII æнус | æнæном автор | 1072–1125 |
Багратионты цард æмæ таурæгъ | ცხოვრება და უწყება ბაგრატონიანთა | tskhovreba da utsqeba bagratonianta | XI æнус | Сумбат Давитисдзе | VI æнус — 1031 |
Лаша Гиоргийы рæстæджы азгæйфыст | ლაშა-გიორგის დროინდელი მატიანე | lasha-giorgis droindeli matiane | 1223 аз | Гиорги-паддзахы историк | 1125-1223 |
Паддзахиуæггæнджыты истори æмæ кадгæнæн | ისტორიანი და აზმანი შარავანდედთანი | istoriani da azmani sharavandedtani | XIII æнус | афтæ хуынд Тамар-паддзахы фыццаг историк | 1156-1212 |
Паддзæхты паддзах Тамары цард | ცხოვრება მეფეთ მეფისა თამარისი | tskhovreba mepet mepisa tamarisi | 1210-1213 | Басили Эзосмодзгвари (афтæ хуынд Тамар-паддзахы дыккаг историк) | 1184–1210/1213 |
Сæдæ азы хроникæ | ასწლოვანი მატიანე | astslovani matiane | XIV æнус | æнæном автор | 1212-1318 |
Бирæ нырыккон ахуыргæндтæ, се ’хсæн Иване Джавахишвили, афтæ æнхъæлынц, æмæ «Картлис цховребайы» рагондæр хайттæм гæсгæйæ иртасæг хъуамæ тынг æрæхстджын уа, уымæн æмæ æцæг историон цаутæ дзы баст сты æрымысгæ хъуыдытæ æмæ мифологимæ, æмæ бирæ хатт афтæ вæййы, æмæ историон цау мифологион сфалдыстадæй нæй гæнæн ахицæн кæнын. Фæлæ уæддæр критикон анализ æвдисы, «Картлис цховребайы» фылдæр хай æууæндгæгæнæн кæй у, уый: ацы текстты цаутæн сæ хай æндæр антикон рæстæгы авторты куыстыты дæр æвдыст цæуынц, КЦ йæхæдæг та æвдисы æрмæст Гуырдзыстоны цаутæ нæ, фæлæ йæ сыхæг бæстæты дæр: Ирыстон, Сомихыстон, æппæт Кавказ, Иран, хазартæ æмæ а. д.[1]
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.