Етим Эмин
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
Етим Эмин (йе ’цæг ном у Магомед-Эмин Севзиханы фырт (Етим тæлмац кæны куыд «Сидзæр»); 1838-æм аз, Ялцуджы хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Сулейман-Стальскийы район — 1884-æм аз, Ялцуджы хъæу, ныртæккæйы Дагъистаны Сулейман-Стальскийы район) уыди лекъаг поэт æмæ лекъаг фысгæ литературæйы бындурæвæрæг.
Райгуырдис тæрхоны лæджы бинонты ’хсæн. Медресейы сахуыры фæстæ райдыдта кусын йæ фыды бæсты тæрхондоны, фæлæ рæхджы йæ бахъуыди ныууадзын уыцы бынат. Етим Эмин уыди фыццаг ахæм лекъаг, йæ мадæлон æвзагыл æмдзæвгæтæ фыссын чи райдыдта (араббаг дамгъæтæй). Йе сфæлдыстады ис куыд граждайнаг («1877-æм азы растад», «Хæлæрттæн», «Дунейæн»), афтæ лирикон уацмыстæ дæр. Эмин сфидар кодта лекъаг поэзийы ног формæтæ, уыдонимæ астуæнгон силлабикон рæнхъ æмæ рефренон рифмæ.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.