Дрейк, Фрэнсис

From Wikipedia, the free encyclopedia

Дрейк, Фрэнсис

Сэр Фрэнсис Дрейк (англ. Francis Drake; иу-1540 азы — 28 январы 1596 азы) уыдис англисаг денджыздзау, корсар, вице-адмирал. Фыццаг англисаг, зæххы алыварс науыл æнтыстджынæй чи абалц кодта (1577—1580 азты).

Краткие факты Фрэнсис Дрейк, Райгуырды датæ ...
Закрыть

Испайнаг флоты (Æнæбасæтгæ Армадæйы) ныддæрæн кæныны активон архайæг Гравелины тохы (1588), Дрейчы сæрæн архайды руаджы, англис сæхицæй бирæ фылдæр æфсадыл фæуæлахиз сты.

Сабидуг æмæ ’взонгад

Фрэнсис Дрейк райгуырдис Кроундейлы, Тавистокмæ хæстæг, девоншираг фермер (фæстæдæр сауджын ссис) Эдмунд Дрейчы хæдзары. Æдæппæт уыдысты дыууадæс сывæллоны, Фрэнсис — сæ хистæр. 1549 азы Дрейктæ æрцардысты Кенты. 12-аздзыдæй Фрэнсис сси юнгæ, хæрзтæлас науыл (баркæйы). Науы хицауы зæрдæмæ фæцыдис юнгæйы зæрдæргъæвддзинад (лæппу йын дард хæстæг уыдис), æмæ бафæдзæхста, цæмæй йæ мæлæты фæстæ нау Фрэнсисæн куыд радтой. Афтæмæй 18-аздзыд лæппу ссис æххæст капитан.

Асдзард

1567 азы абалц кодта Гвиней æмæ Вест-Индимæ, йæ хæстæг Джон Хокинсы науæн командæгæнгæ, цагъардзау экспедицийы. Экспедицийы, мексикæйаг гæнах Сан-Хуан-де-Улуайы цур, англисæгты наутæ испайнаг æфсады æрбабырсты бын фесты æмæ сæ фылдæр дæрæнгонд æрцыдысты æмæ фæдæлдон сты. Æрмæст ма дзы дыууæ науы, сæ капитантæ Дрейк æмæ Хокинс, аирвæзтысты. Англисæгтæ æрдомдтой Испанийы къаролæй, цæмæй сын сæфт наутæн бафида. Къарол, кæй зæгъын æй хъæуы, не сразы ис. Уæд Дрейк рахъæр кодта, йæ бон цыдæриддæр суа, уый кæй байсдзæн Испанийы къаролæй.

1572 азы араст ис экспедицийы Вест-Индийы испайнæгтæ цы рæтты бардардтой, уырдæмты æмæ байста сахар Номбре-де-Дьос, Панамæйы хуыйæндоны, стæй — цалдæр науы Картахены донлæууæны цур. Уыцы рейды цыды, Дрейк Панамæйаг донкъубалы рацахста испайнаг «Æвзист караван» (30 тоннæмæ ’ввахс ыл ластой æвзист), кæцы цыди Панамæйæ Номбре-де-Дьосмæ. 1573 азы 9 августы Дрейк æрыздæхт Плимутмæ.

1577 азы 15 ноябры Фрэнсис та абалц кодта ус-къарол Елизаветæйы фæдзæхстмæ гæсгæ, Америкæйы Сабыр фурды донгæрæттæм. Балцы официалон нысан уыдис ног зæххытæ бакæнын, сæрмагондæй Австрали. Фæлæ æцæгæй та Дрейк хъуамæ атæлæт кодтаид, цас фылдæр, испайнаг науы æмæ уыцы мулкимæ аздæхдаид Англисмæ. Фрэнсис разамынд лæвæрдта флотилийæн, кæцыйы уыди цыппар стыртæ, дыууæ та чысыл æххуыснаутæ. Магелланы донкъубалæй куы ахызтысты, уæд Дрейчы штурмæй аппæрста Арты Зæххы хуссарырдæм, æмæ уымæй рабæрæг ис, Хуссар континенты хай кæй нæу. Антарктидæ æмæ Арты Зæххы ’хсæн цы хуыйæндон ис, ууыл фæстæдæр Дрейчы ном æвæрд æрцыд.

Фрэнсис Дрейчы номыл

Фрэнсис Дрейчы ном æнустывæрд у: Арты Зæхх æмæ Антарктикæйы æхсæн хуыйæндон хуыйны Дрейчы донкъубал.

Германы сахар Оффенбурджы лæууы дурæй конд разагъды пират йæ къухы та картофы дидинæг. Постаментыл фыст зæгъы: «Сэр Фрэнсис Дрейкæн, кæцы рапарахат кодта картоф Европæйы. Дунейы зæхкусджыты милуантæ йын фæдзæхсынц йæхи æмæ йе ’нæмæлгæ зæрдылдарæн. Ай у мæгуыртæн æххуыс, Хуыцауы хъазар лæвар, зындзинад роггæнæг».

Фиппаинæгтæ

Литературæ

Loading related searches...

Wikiwand - on

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.