From Wikipedia, the free encyclopedia
Во́лгæ кæнæ Идыл[1], дыгурон вариант: Дидил[2] (нарты кадджыты Нарты стыр дон, Адылы дон[3] дæр; уырыс. Волга, мар. Юл, чуваш. Атӑл, тæт. Идел, ног. Эдил, калм. Иҗил-һол, эрз. Рав) у Уæрæсейы Европæйаг хайы ахсджиагдæр цæугæдон, дунейы стырдæр цæугæдæттæй иу, Европæйы тæккæ стырдæр. Йæ цыды фылдæр хай у наудзæуæн, рагæй ын ис егъау транспортон нысаниуæг.
Волгæ / Идыл | |
---|---|
уырыс. Волга | |
Пассажирон нау Дæллаг Новгороды цур | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 3530 км |
Бассейны фæзуат | 1 360 000 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Къаспы денджыз |
Доны хардз | 8060 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Валдайы уæлвæз |
· Гуырæны бынат | Волговерховье (Осташковы район, Тверы облæст) |
Донæфтæн | Къаспы денджыз |
Ран | |
Волгæ Уæрæсейы Европæйаг хайы картæйыл | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Волгæйы дæргъ у 3530 км (донмарæнты арæзтады агъоммæ — 3690 км). Бассейны фæзуат — 1360 мин км². Волгæйы гуырæн у Валдайы уæлвæзыл, Тверы облæсты, денджызы уæлвæзæй 229 м уæлдæр. Цæугæдон æфты Къаспы денджызмæ (уый у егъау цæхджын цад, денджызы уæлвæзæй 28 метры ныллæгдæр).
Наудзæуæн къанæуттæ Волгæйы бæттынц Балты æмæ Урс денджызтимæ, цæугæдон Донимæ, уымæй та — Азовы денджызимæ.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.