From Wikipedia, the free encyclopedia
Баскаг æвзаг (Euskara) у баскаг адæмы æвзаг. Баскæгтæ цæрынц Баскæгты Бæстæйы. Йæ иу хай ис Испанийы цæгат-скæсæны, иннæ — Францы хуссар-ныгуылæны. У ахибаргонд æвзаг æмæ нæ хауы нæдæр индоевропæйаг, нæдæр кæцыфæнды æндæр зындгонд æвзæгты бинонтæм. Йæ генетикон уидæгтæ бæрæг нæма сты. Традицимæ гæсгæ ахуыргæндтæ хæссынц палеоиспайнаг æвзæгты нымадмæ, кæнæ та æнæклассификацигонд палеоевропæйаг æвзæгты къордмæ.
Баскаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Euskara |
Бæстæтæ |
Испани Франц |
Официалон статус |
Баскæгты Бæстæ Наваррæ |
Дзурджыты нымæц | |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Ахибаргонд æвзæгтæ | |
Фыссынад | латинаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | eu |
ISO 639-2 | eus æмæ baq |
ISO 639-3 | eus |
ГОСТ 7.75–97 | бак 085 |
WALS | bsq, bqb, bqg, bqh, bqi, bql, bqn, bqo, bqr, bqs æмæ bqz |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 415 |
Ethnologue | eus |
Linguasphere | 40-AAA-a |
ABS ASCL | 2901 |
IETF | eu |
Glottolog | basq1248 |
Википеди ацы æвзагыл |
Баскаг æвзагыл дзурджыты нымæц у 800 000 адæймаджы бæрц, сæ фылдæр (700 мин адæймаджы) цæрынц Баскæгты Бæстæйы, уыдонæй фылдæр хай (500 000) та — йæ испайнаг хайы.
Баскаг æвзагæн ис бирæ диалекттæ, æмæ уыдон кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц. Иумæйаг литературон æвзаг сæ бындурыл сарæзта лингвист Кольдо Мичилена 1960-æм азты. Протобаскаг æвзаджы реконструкцийыл бакуыстой Мичелена, А. Товар æмæ Л. Траск.
Баскаг æвзаджы æппæт алыварслæуджытæ сты ромайнаг æвзæгтæ, фæлæ йæхæдæг у ахибаргонд æвзаг æмæ уыцы æвзæгтимæ бастдзинад йын нæй. Уый у, индоевропæйæгты æрцыды онг Европæйы цы æвзæгтæ уыдис, уыдонæн фæстаг баззайæг æвзаг.
Æрæджы дæр ма афтæ хъуыды кодтой, æмæ, баскаг æвзагыл цы фыстытæ уыдис, уыдонæй рагондæр у ромаг сахар Ирунья-Велеяйы къæхтыты кæй ссардтой, уыдон, æмæ сæ ныффыстой III-æм æнусы нæ эрæйы размæ.
Баскаг æвзаджы фыццаг чиныг у æмдзæвгæты æрбырдгонд «Linguae Vasconum Primitiae», кæй æрцыд мыхуырмæ 1545-æм азы.
Баскаг æвзагæн иу зындгонд æвзæгты бинонтимæ дæр бастдзинад нæй. Ис дзы æнхъæлц, æмæ аквитайнаг æвзагимæ баст у. Æндæр гипотезмæ гæсгæ баскаг æвзаг у сино-кавказаг макробинонты зæронд æрвад.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.