Æрхон
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
Æрхон (уырыс. Архон) у хæххон хъæу Цæгат Ирыстоны. Хуыссы Æрхоны комы, кæцы Уæлладжыры комæй фæрсмæ ацæуы. Æрхоны комы дæргъмæ згъоры Æрхоныдон æмæ кæлы Æрыдоны цæугæдонмæ.
Хъæу | |
Æрхон | |
---|---|
| |
42°49′57″ с. ш. 44°06′26″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘10[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекстæ | 363221 |
|
Хъæуы мидæг æмæ йæ цуры археологтæ ссардтой рагон аланты ныггæндтæ.
Æрхон у Уæлладжыры комы рагондæр хъæутæй. Ис дзы VII — IX æнусты зындгонд алайнаг дзæппæзтæ. Йæ хурыскæсæн фарс ис рагон уæлмæрд, хуыйны Царциаты уæлмæрд.[2]
Æрхоны цардысты Икъатæ, Хуыдæлтæ, Гофинтæ, Бæцойтæ, Темырхъантæ, Кобестæ, Илатæ, Цæлойтæ, Хъарацатæ, Тихилтæ, Цопанатæ, Алхазтæ, Мелыккатæ, Хуырымтæ, Бесатæ, Лекътæ, Хосонтæ, Хъаммæрзатæ, Бекмæрзтæ, Хæмæтатæ, Газатæ, Цомайтæ, Кæлутæ.[3]
Æрхоны ис 4[4] сыхы:
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.