Хъæууон хæдзарад
From Wikipedia, the free encyclopedia
Хъæууон хæдзарад у экомикæйы къабаз, кæцы цæрджытæн дæтты хойраг (хæринаг) æмæ индустрийы иуæй-иу къабæзтæн хомаг. Ацы къабаз у ахсджиагдæртæй иу, алы бæстæйы дæр дзы кусынц. Дунейы хъæууон хæдзарады чи кусы, уыдоны нымæц у иу миллиардæй фылдæр.
Индустрийæ хъауджыдæр хъæууон хæдзарады куыст æнгом баст у æрдзы тыхтимæ, зæхх у йæ сæйраг кондады фæраз.
Ныртæккæ сурзæххы дæсæм хайы бæрц хуымгæнд у, 24% та сты хизæнтæ.