From Wikipedia, the free encyclopedia
Роберто Флейтас (исп. Roberto Fleitas; райгуырдис 1932-æм азы Монтевидеойы) у Уругвайы футболист æмæ футболон тренер.
| |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Роберто Флейтас | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1932-æм азы 25 августы[1] Монтевидео, Уругвай |
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Амардис | 2024-æм азы 3 мартъийы[2] (91 азы) | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | Уругвай | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | центрон хъахъхъæнæг | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
Роберто Флейтас хъазыдис куыд «Ливерпуль»-ы (Монтевидео) астæуккаг хъахъхъæнæг.[3]
Уругвайы футболон ассоциаци уый лæмбынæг нæ зоны, фæлæ уругвайаг газет «La Republica»-мæ гæсгæ Флейтас хъазыдис националон иугонд командæйы сконды дæр.[3]
Йæ тренеры карьерæ Флейтас байдыдта Уругвайы фыццаг дивизионы, фыццаг — «Прогресо»-йы, фæстæдæр та — «Сентраль Эспаньол»-ы[4]. 1987-æм азы уый савæрдтой иугонд командæйы сæйраг тренеры бынатмæ, Омар Боррасы бæсты[5]. Йæ разамынд фæрæстмæ — Уругвайы командæ рамбылдта Аргентинæ æмæ Чилийы ныхмæ хъæзтытæ æмæ сси Хуссар Америкæйы чемпион.[6].
1988-æм азы Флейтас йæ тренеры бынат ныууагъта, иугонд командæйы тренер сси Оскар Табарес, кæцы командæ цæттæ кодта дунейы чемпионатмæ Италийы (1990). Флейтас та кусынмæ бацыдис клуб «Насьональ»-мæ. Йæ æххуысæй клубы къухы бафтыдис Либертадоресы Хъалац райсын 1988-æм азы[7]. Финалы йæ командæ хъазыдис аргентинаг «Ньюэллс Олд Бойз»-ы ныхмæ. «Насьональ»-ы бар уыдис Æхсæнконтиненталон хъалацы тыххæй хъазын 1988-æм азы, уый мидæг йæ футболисттæ фембæлдысты Европæй чемпионимæ, ПСВ, æмæ ууыл фæуæлахиз ис (пенальтиты серийы дæргъы).
Йæ фæстæг куысты баныт уыдис клуб «Ливерпуль», кæцыйы кæддæр райдыдта футболисты карьерæ. Уым кусын байдыдта 2000-æм азы январы, фæлæ клубы хъазт нæ фæрæстмæ, æмæ æвзæр фæстиуджыты фæдыл тренеры бынатæ Флейтасы ныууагътой[8][9].
Титул | Командæ | Бæстæ | Аз |
---|---|---|---|
Америкæйы хъалац | Уругвайы иугонд командæ | Аргентинæ | 1987 |
Либертадоресы хъалац | «Насьональ» | Уругвай | 1988 |
Æхсæнконтиненталон хъалац | «Насьональ» | Уругвай | 1988 |
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.