Раджаи, Мохаммад Али
From Wikipedia, the free encyclopedia
Мохаммед Али Раджаи (перс. محمد علی رجائی; райгуырдис 1933 азы 15 июны — фæмардис 1981 азы 30 августы) уыди Ираны дыккаг президент. Æвзæрст æрцыд 1981-æм азы 2 августы. Уый размæ куыста президент Банисадры хицауады сæрдарæй. Мартъийæ августмæ ма уыди фæсарæйнаг хъуыддæгты министр.
Краткие факты Мохаммад Али Раджаи, Ираны Пысылмон Республикæйы 2-æм президент ...
Мохаммад Али Раджаи | |
---|---|
перс. محمد علی رجائی | |
1981-æм азы 2 августæй — 1981-æм азы 30 августы онг | |
Раздæр чи уыд | Абольхасан Банисадр |
Фæстæдæр | Али Хаменеи |
Райгуырдис |
1933-æм азы 15 июны(1933-06-15)[1] |
Амардис |
1981-æм азы 30 августы(1981-08-30)[2][3] (48 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Ахуырад | |
Дин | пысылмон дин (шиизм) |
Къухæрфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Закрыть
Раджаи уыди Ираны культурон революцийы фæтæг. Афтæ хуыдтой, Ныгуылæн йæ тæваг цæмæй ма æндава, уый охыл университеттæ æмæ æндæр уагдæттæ æхгæныны программæ.
1981-æм азы 30 августы, йæ инаугурацийæ дыууæ къуырийы куы рацыди, уæд Раджаи фæмарди террористон акты. Рæмудзæнхос срæмыгъдæуыд Раджаи, хицауады сæрдар æмæ Национ æдасдзинады Уæлдæр уынаффæдоны нымæрдары фембæлды рæстæг. Срæмыгъды фæстиуæгæн фæмардысты Раджаи, хицауады сæрдар æмæ ма æртæ адæймаджы.