Мухтаровы мæзджыт
From Wikipedia, the free encyclopedia
Мухтаровы мæзджыт кæнæ Суннитаг мæзджыт у суннитаг дыууæдзылатыг мæзджыт Терчы галиу былгæрон Дзæуджыхъæуы, сахары ахсджиагдæр фенддæгтæй иу. Байгом ис 1908-æм азы октябры.
Мæзджыты арæзтады аргъ уыдис 80 мин сомы, уымæй 50 мин сомы радта Бакуйы миллионер Муртуза-Ага Мухтаров, уый тыххæй пысылмон уырнджыты фæндонмæ гæсгæ мæзджыт хæссы Мухтаровы ном.
Советон дуджы рæстæг мæзджыт хæлынмæ радтой (1934-æм азы), фæлæ, дам, тæтæйраг адæмыхатты æфсæддонтæ йæ бахъæхъхъæдтой[1]. Уæд бæстыхайы скуыста музей.
1996-æм азæй фæстæмæ ногæй кусы куыд мæзджыт.