![cover image](https://wikiwandv2-19431.kxcdn.com/_next/image?url=https://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/b/ba/Alessandra_Mussolini_datisenato_2013.jpg/640px-Alessandra_Mussolini_datisenato_2013.jpg&w=640&q=50)
Муссолини, Алессандрæ
From Wikipedia, the free encyclopedia
Алессандрæ Муссолини (итал. Alessandra Mussolini; райгуырдис 1962-æм азы 30 декабры) у Бенито Муссолинийы цыппæрæм фырт Романойы чызг, нырыккон италиаг консервативон политик. Зындгонд сси йæ дæрзæг комментаритæй. Зæгъæм, 2007-æм азы ноябры уый загъта æппæт румынæгтæ фыдгæнджытæ сты, зæгъгæ.
Краткие факты Алессандрæ Муссолини, Райгуырды датæ ...
Алессандрæ Муссолини | |
---|---|
итал. Alessandra Mussolini | |
![]() | |
Райгуырды датæ | 1962-æм азы 30 декабры(1962-12-30)[1] (61 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Æмбæстонад | |
Куысты мыггаг | политик, модель, киноактрисæ, музыкант |
Ахуырад | |
Дин | католицизм |
Парти | |
Фыд | Романо Муссолини[d] |
Мад | Анна-Мария Шиколоне[d] |
Сывæллæттæ | Романо Флориани Муссолини[d] |
alessandramussolini.it | |
![]() |
Закрыть
Йæ артисты карьерæ байдыдта 1970-æм азты, Софи Лоренæн бавæййы, æмæ уымæн, йæ хæстæджы æххуысæй.
1992-æм азы æвзæрст æрцыд парламентмæ Италийы социалон змæлдæй, уый та нымад у неофашистон организацийыл[2]. Неополы мэры бынатмæ æвзæрстыты дæр хайад иста, фæлæ фембылды. 2001-æм азы телеуынынады алæвæрд исыны рæстæг Алессандрæ нæмын райдыдта æмбар фадæтты министр Катя Беллиллойы, уыимæ ма йæ схуыдта «фыдуынд коммунист», кæцы «уадз æмæ Кубæйы цæра»[3].