Мумба́и кæнæ Мумба́й (маратх. मुंबई, англ. Mumbai), 1995-æм азы агъоммæ — Бомбе́й (англ. Bombay) у сахар Индийы ныгуылæны, Араббы денджызы былгæрон. Йæ цæрджыты нымæц у 13,6 милуанæй фылдæр, уымæй у Индийы стырдæр сахар. Канд уый нæ, фæлæ у бæстæйы ахсджиагдæр экономикæ, финанстæ æмæ ирхæфсæнты артдзæст. Сахары портмæ хауы Индийы фурдыл уæзласты 70%.
Сахар | |
Мумбаи | |
---|---|
маратх. मुंबई, хинди मुम्बई, англ. Mumbai | |
18°58′ с. ш. 72°50′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Инди |
Штат | Махараштрæ |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1507[1] |
Раздæры нæмттæ |
1995 азы агъоммæ — Бомбей |
Фæзуат | 603,4 км² |
Центры бæрзæнд | 11 м |
Сахатон таг | UTC+5:30 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +91 22 |
Посты индекстæ | 110 xxx |
Автомобилон код | MH-01, MH-02, MH-03 |
portal.mcgm.gov.in | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Мумбаи у Махараштрæйы штаты административон центр.
Мумбаи райрæзтис, авд хицæн сакъадахыл цы кæсагахсджыты цæрæнрæттæ уыдис, уыдонæй. Гуджараты сах сакъадæхтæ радта португайлæгтæн 1534-æм азы декабры, уым фæзынди европæйæгты фыццаг колони Индийы.
Бомбейы цæры 13,6 милуан адæймагæй фылдæр. Йæ алфамбылай цы чысылдæр цæрæнрæттæ и, уыдонимæ уыцы нымæц 23 милуанмæ схæццæ æмæ сси дунейы цыппæрæм стырдæр сахарон агломераци (Токио, Нью-Йорк æмæ Мехикойы фæстæ).
Сæ адæмыхатмæ гæсгæ Бомбейы цæрджыты æрдæг сты маратхæгтæ, цыппæрæм хай та — гуджаратæгтæ. Бомбеймæ кусынмæ æрбацæуынц адæм Индийы алы регионтæй, уый тыххæй дзы алыхуызон адæмыхатт æмæ дины минæвæрттæ цæрынц. Алы 1000 нæлгоймагæн хауы æрмæст 933 сылгоймаджы, уый тыххæй æмæ дзы бирæ рæстæгмæ кусджытæ цæрынц, сæ фылдæр налгоймæгтæ.
Сæ динмæ гæсгæ бомбейæгтæ сты индуисттæ (68%), пысылмæттæ (17%), буддисттæ (4%), чырыстæттæ (4%) æмæ æндæртæ. Сахары ис XVIII æнусы сомихаг аргъуан дæр.
1990-æм азты райдианæй динты ’хсæн уавæр скарз ис — вæййы дзы суанг теракттæ æмæ быцæутæ дæр. 2006-æм азы срæмыгъдæуыд æфсæнвæндаг. Теракты азарæй фæмардис 209 адæймаджы, авдсæдæйæ фылдæр та фесты цæфтæ[2]. 2008-æм азы ноябры террористты дæс лæбурдæй фæмардис 173 адæймаджы, 308 фæцæф сты, цалдæр ахсджиаг амаддзаджы æрцыдысты хæлд[3].
Кæрæдзи ’хсæн Бомбейы цæрджытæ дзурынц, бамбаийа-хинди, зæгъгæ, ахæм хæццæ æвзагыл. Уый у хиндийы хуымæтæгдæргонд здæхт бирæ англисаг, гуджаратаг æмæ маратхаг дзырдтæ фразæтимæ хæццæйæ. Популярондæр индиаг фильмты геройтæ дзурынц уыцы здæхтыл.
Бомбей у Индийы кинойы авдæн æмæ ахсджиагдæр артдзæст. Бомбейы кинотæ исынæн цы фæрæзтæ ис, уыдонæн ис иумæйаг ном Болливуд (америкæйаг Голливуды хуызæн). Æрвылаз Болливуд рауадзы 150–200 ног кинонывы[4].
Мумбаийы бæстыхъæд (климæт) у тропикон, афæдзы фылдæр хай боныхъæд у хус, фæлæ июнь æмæ июлы бирæ фæуары мусонты аххосæй. Мусонтæ куы ’рбацæуынц, уæд Мумбаийы дæттæ арæх раивылынц. Иннæ стыр фарста сахарæн у йæ уæлдæфы сыгъдæгдзинад, æрвылаз мингай цæрджытæ мæлынц, уæлдæф æгæр чъизи кæй у, уый тыххæй[5].
Бомбей цы сакъадæхтыл лæууы, уыдон 1534-æм азы Португали байста Гуджаратæй. Португайлаг амидингæнджыты руаджы бынæттон цæрджытæ райдыдтой исын чырыстон дин.
Фæстæдæр, 1661-æм азы, Португали уыцы сакъадæхты къорд балæвæр кодта Англисы къарол Карл II-æн куыд португайлаг принцессæ Екатеринæ де Брагансæйы чындзы дзаума.
Нырыккон Бомбейы бындур æвæрд æрцыд 1672-æм азы. Сакъадæхты фыццаг бритайнаг губернатор сси Джордж Оксенден. 1784-æм азмæ сакъадæхтæ баиу сты донмарæнтæ æмæ соса фæндæгты фæпцы.
Сахары тагъд рæзт баст уыдис бæмбæджы сæудæджеримæ — уæлдайдæр АИШ-ы мидхæсты рæстæг (1861—1865).
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.