Украинæйы президент From Wikipedia, the free encyclopedia
Влади́мир Алекса́ндры фырт Зеле́нский (укр. Володимир Олександрович Зеленський; райгуырдис 1978 азы 25 январы, Кривой Роджы сахары) у Украинæйы политикон архайæг, Украинæйы архайæг президент 2019-æм азы 20 майы фæстæмæ. У политикон парти «Слуга народа»-йы бындурæвæрæг.
Владимир Александры фырт Зеленский | |
---|---|
укр. Володимир Олександрович Зеленський | |
2019-æм азы 20 майы | |
Хицауады Сæрдар | Владимир Гройсман (2016—2019) Алексей Гончарук (2019—2020) Денис Шмыгаль (c 2020) |
Раздæр чи уыд | Пётр Порошенко |
Райгуырдис |
1978-æм азы 25 январы[1][2] (46 азы) |
Фыд | Александр Семёны фырт Зеленский |
Мад | Риммæ Владимиры чызг Зеленская |
Æмкъай | Еленæ Владимиры чызг Зеленская |
Сывæллæттæ |
чызг: Александрæ фырт: Кирилл |
Парти | æнæпартион |
Ахуырад | |
Архайд | актёр, комик, кинопродюссер, юморист, политик |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Сайт | president.gov.ua(укр.)(уырыс.)(англ.) |
Æфсæддон куыст | |
Тохтæ | |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
Президент суæвыны агъоммæ зындгонд уыдис куыд актёр, продюссер æмæ сценарист, фылдæр фесгуыхт ис комедиты жанры. Йæ актёры карьерæ райдыдта КВН-ы, уыд къорд «95-æм квартал»-ы капитан, фæстæдæр та — æмном студийы разамынддæттæг.
Владимир Зеленский райгуырдис 1978 азы 25 январы сахар Кривой Роджы (Украинæйы ССР) украинаг-дзуттаг бинонтæн[6]. Дзуры украинаг, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл[7].
Владимиры фыд — Александр Семёны фырт Зеленский (р. 1947-æм азы 23 декабры) у математик, программист[8], техникон зонæдты доктор, профессор, информатикæйы кафедрæйы хицау; уый цы университеты куыста, уым йæ фырт Владимир дæр ахуыр кодта[9][10]. Советон дуджы рæстæг Александр Зеленский бирæ азты цардис Манголы, куыста Эрдэнэты æрзæты комбинаты арæзтадыл.
Зеленскийæн ис бинонтæ, хъомыл кæны чызг æмæ фырт.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.