Джованни Делла Каса (итал. Giovanni Della Casa; 15031556) уыдис италиаг фыссæг.

Краткие факты Джованни Делла Каса, Райгуырды датæ ...
Джованни Делла Каса
итал. Giovanni Della Casa
Thumb
Райгуырды датæ 1503-æм азы 28 июны[1]
Райгуырæны бынат Борго-Сан-Лоренцо
Мæлæты бон 1556-æм азы 14 ноябры[2] (53 азы)
Мæлæты бынат
Архайды хуыз фыссæг, сауджын, поэт, дипломат
Уацмысты æвзаг италиаг[3]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа
Закрыть

Райгуырдис Тосканæйы. Ромы папæ Павел III 1544-æм азы йæ снысан кодта Беневентойы архиепископæй æмæ Венецийы нунцийæ. Ам Джованни æгъатырæй цъист кодта протестантты æмæ 1549-æм азы рауагъта тобæгонд чингуыты индекс. Папæ Павел IV-ы заман Каза уыди паддзахадон нымæрдар.

Касайы уацмыстæй зынгонддæр у «Il Galateo, overo de’costume». Ацы чиныг арæзт у, хъомылгæнæг йæ хъомылгæнинагæн цы зондамындтытæ фæдæтты, уыдоны хуызы. Уацмыс ахуыр кæны уæздан æгъдæуттæ æмæ комплименттыл. Дзырд «Galateo» Касайы чиныджы фæрцы Италийы нысан кæнын райдыдта уæздан манерæтыл ахуырад.

Фиппаинæгтæ

Wikiwand in your browser!

Seamless Wikipedia browsing. On steroids.

Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.

Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.