Дагъистан
From Wikipedia, the free encyclopedia
From Wikipedia, the free encyclopedia
Дагъистан[2][3] кæнæ Дагъыстан[4] (сол. Дагъистаналъул Республика, агъул. Республика Дагъустан, азерб. Dağıstan Respublikası, хъуым. Дагъыстан Республикасы, лекъ. Республика Дагъустан, лак. Дагъусттаннал Республика) у Уæрæсейы республикæ Цæгат Кавказы, лæууы Цæцæн, Хъалмыхъхъ æмæ Стъараполы крайы ’хсæн, хуссары та æмарæн у Азербайджан æмæ Гуырдзыстонимæ. Дагъистаны сæйраг сахар у Къаспы денджызы былгæрон порт Махачкала. Йæ сæргълæууæг у Владимир Васильев.
Уæрæсейы Федерацийы субъект | |||||
Дагъистаны Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Республика Дагестан | |||||
|
|||||
42°59′02″ с. ш. 47°30′18″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Сæйраг сахар | Махачкала | ||||
Сæргълæууæг | Сергей Меликов[d] | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрды датæ | 1991 | ||||
Фæзуат |
|
||||
Сахатон таг | MSK (UTC+3) | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↗3 209 781[1] ад. (2023) | ||||
Официалон æвзæгтæ | агъулаг, азербайджайнаг, даргинаг, лакаг, лекъаг, ногъайаг, рутулаг, солиаг, табасарайнаг, татаг, уырыссаг, хъуымыхъхъаг, цъахураг, цæцæйнаг | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Код ISO 3166-2 | RU-DA | ||||
Телефонон код | 872 | ||||
Автомобилон код | 05 | ||||
Официалон сайт(уырыс.) | |||||
Викикъæбицы медиа |
Республикæйы фæзуат у 50,3 мин км².
Дагъистан у бирæнацион бæстæ, цæры дзы дыууын адæмыхаттæй фылдæр. Уыдонæй стырдæр сты солиаг адæм — Дагъистаны цæрджытæй се ’ртыккаг хай.
...æмæ æндæртæ
Ном Дагъистан зындгонд у XVII æнусæй æмæ нысан кæны «хохы бæстæ» (тюркаг ныхас дагъ «хох» æмæ ирайнаг фæсæфтуан -стан)[5]. Ныры Дагъистан хохы бæстæ нал у, уый тыххæй æмæ йæ цæгатаг быдыртæ ахсынц йæ фæзуаты 44%.[5].
Дагъистан æрбынат кодта Кавказы цæгат-скæсæны, Къаспы денджызы былгæрон. Республикæйы цæгаты сты тыгъд быдыртæ, хуссары та — Кавказы сæйраг рагъ (Стыр хох). Дагъистаны дæргъ цæгатæй хуссармæ у 400 км, скæсæнæй ныгуылæнмæ — 200 км.
Дагъистаны цæгатаг арæн у Стъараполы край æмæ Хъалмыхъхъы республикæимæ. Ныгуылæны республикæйæн ис арæн Цæцæн æмæ Гуырдзыстонимæ, хуссары та — Азербайджаны паддзахадон арæн. Къаспы денджызы фæстæ ис цыппар паддзахады: Хъазахстан, Туркменистан, Иран æмæ Азербайджан. Азербайджанимæ арæн у Уæрæсейы Федерацийы тæккæ хуссардæр ран (41°10' ц. у.).
Скæсæнырдыгæй Дагъистаны территори æхсы Къаспы денджызы дон. Республикæйы цæгаты хус бæстыхъæд у æмæ дзы уый тыххæй бирæ цæугæдæттæ нæй[6]. Хохы та дон фылдæр ис.
Республикæйы астæу кæлынц Терк æмæ Сулак. Æдæппæт Дагъистаны и 6255 цæугæдоны, уыдонæй сæдæ сты сæйрагдæр — сæ дæргъ 25 километрæй фылдæр кæмæн у, ахæмтæ. Тыккæ зындгонддæр сты Терк, Сулак, Самур, Рубас[7]. Æппæт цæугæдæттæ дæр хауынц Къаспы денджызы бассейнмæ, фæлæ уыдонæй денджызы æййафынц æрмæстдæр 20.
Самур у Дагъистаны дыккаг ахсджиагдæр цæугæдон, йæ бассейны фæзуат у 7,3 мин км². Самуры гуырæн у Рутулы районы. Къаспы денджызы бакæлæн скæны дельтæ. Цæугæдоны дон-дон сараздзысты æртæ ног электрон станцæйы. Самуры дæттæ пайда хæссынц хъæууон хæдзæрадмæ, уымæй хуссарырдæм цæуы Самур-Дербенты къанау æмæ Самур-Апшероны къанау (уыцы фæстаг цæуы фæсарæнмæ, Азербайджанмæ)[6].
Сулак равзæры æртæ доны — Хъазхъуымыхъхъы Хъойсу, Солыйы Хъойсу æмæ Андийы Хъойсу — кæм баиу вæййынц, уыцы ран. Сулачы бассейны фæзуат у 15,2 мин км². Сулакыл лæууынц гидероэлектростанцæтæ — Чиркейаг ГЭС, Миатлины ГЭС, Гельбахы ГЭС, Чирюрты ГЭС-1 æмæ Чирюрты ГЭС-2.
Хæхтæ ахсынц республикæйы 25,5 мин км², йæ рæстæмбис бæрзæнд у 960 м денджызы æмвæзадæй. Дагъистаны бæрзонддæр хох у Базардюзю (4466 м).
Цæрджыты нымæц | ||||||
---|---|---|---|---|---|---|
1847[9] | 1897[10] | 1926[11] | 1928[12] | 1931[13] | 1933[14] | 1937[11] |
755 616 | ↘571 154 | ↗787 883 | ↗797 700 | ↗871 100 | ↗949 200 | ↗1 009 884 |
1939[15] | 1940[16] | 1951[17] | 1959[18] | 1961[19] | 1966[20] | 1970[21] |
↗1 023 300 | ↗1 024 000 | ↘835 600 | ↗1 062 472 | ↗1 158 500 | ↗1 305 600 | ↗1 428 540 |
1979[22] | 1987[23] | 1989[24] | 1990[25] | 1991[25] | 1992[25] | 1993[25] |
↗1 627 884 | ↗1 768 000 | ↗1 802 579 | ↗1 820 164 | ↗1 875 345 | ↗1 937 297 | ↗1 990 359 |
1994[25] | 1995[25] | 1996[25] | 1997[25] | 1998[25] | 1999[25] | 2000[25] |
↗2 033 523 | ↗2 200 039 | ↗2 218 427 | ↗2 283 187 | ↗2 332 837 | ↗2 392 292 | ↗2 442 609 |
2001[25] | 2002[26] | 2003[25] | 2004[25] | 2005[25] | 2006[25] | 2007[25] |
↗2 486 002 | ↗2 576 531 | ↗2 581 412 | ↗2 601 980 | ↗2 621 820 | ↗2 640 984 | ↗2 658 630 |
2008[25] | 2009[25] | 2010[27] | 2011[25] | 2012[28] | 2013[29] | 2014[30] |
↗2 687 822 | ↗2 711 679 | ↗2 910 249 | ↗2 914 204 | ↗2 930 449 | ↗2 946 035 | ↗2 963 918 |
2015[31] | 2016[32] | 2017[33] | 2018[34] | 2019[35] | 2020[36] | 2021[37] |
↗2 990 371 | ↗3 015 660 | ↗3 041 900 | ↗3 063 885 | ↗3 086 126 | ↗3 110 858 | ↗3 182 054 |
2022[38] | 2023[1] | |||||
↗3 186 902 | ↗3 209 781 |
Дагъистан у Уæрæсейы тæккæ бирæнацион республикæ. Йæ паддзахадон æвзæгтæ сты уырыссаг æмæ Дагъистаны адæмты æппæт æвзæгтæ[39]. Уыцы æвзæгтæй æрмæстдæр 14 ис фыссынад, æндæртæ сты дзургæ æвзæгтæ[40]. Дагъистаны адæмтæй сæ фылдæр дзурынц нахаг-дагъистайнаг къорды æвзæгтыл (75 %), тюркаг къорды æвзæгтыл (20 %) æмæ уырыссагау (5 %).
Адæм | Нымæц, 2002 аз, мин ад.[41] | Нымæц, 2010 аз мин ад.[42][43] |
---|---|---|
Солиæгтæ ▲ | 758,4 (29,4 %) | 850,01 (29,4 %) |
Даргинæгтæ ▲ | 425,5 (16,5 %) | 490,38 (17,0 %) |
Хъуымыхъхъæгтæ ▲ | 365,8 (14,2 %) | 431,74 (14,9 %) |
Лекъæгтæ ▲ | 336,7 (13,1 %) | 385,24 (13,3 %) |
Лакæгтæ ▲ | 139,7 (5,4 %) | 161,28 (5,6 %) |
Азербайджайнæгтæ▲ | 111,7 (4,3 %) | 130,9 (4,5 %) |
Табасарайнæгтæ ▲ | 110,2 (4,3 %) | 118,9 (4,1 %) |
Уырыссæгтæ ▼ | 120,9 (4,7 %) | 104,02 (3,6 %) |
Цæцæйнæгтæ (аккæйæгтæ[44])▲ | 87,9 (3,4 %) | 93,7 (3,2 %) |
Ногъайæгтæ ▲ | 36,2 (1,4 %) | 40,4 (1,4 %) |
Агъулæгтæ ▲ | 23,3 (0,9 %) | 28,1 (1 %) |
Рутулæгтæ ▲ | 24,3 (0,9 %) | 27,8 (1 %) |
Цъахурæгтæ ▲ | 8,2 | 9,8 |
Сомихæгтæ ▼ | 5,7 | 5,0 |
Тæтæйрæгтæ ▼ | 4,7 | 3,7 |
Дзуттæгтæ ▲ | 1,5 | 1,7 |
Украинæгтæ ▼ | 2,9 | 1,5 |
Татæгтæ ▼ | 1,1 | 0,5 |
Солыйæгты скондмæ нымайынц андиаг-цезаг адæмты дæр[45] æмæ арчийæгтæ.
XX æнусы 20-æм азты агъоммæ Дагъистаны хохы цæрджыты егъау хай хуыдтой лекъ, быдыры цæрæг хъумыхъхъæгты та — Кавказы тæтæр[46][47].
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты агъоммæ Дагъистаны цæрджытæ се ’хсæн ныхас кодтой тюркагау (хъумыхъхъагау цæгаты æмæ азербайджайнагау хуссары), рæстæг куы цыдис, æхсæнадæмон æвзаг сси уырыссаг æвзаг, куыд бæстæйы æндæр регионты.
Дагъистаны цæрынц Уæрæсейы пысылмæттæй сæ фылдæр хай. Республикæйы цæрджытæй 96% бæрц пысылмон диныл хаст сты (2,9 млн ад.). Дербентмæ пысылмон дин æрбацыдис VII—VIII æнусы, хохмæ та — фæстæдæр[48].
Чырыстон рæстуырнæг еклезийы Сыгъдæг Синоды уынаффæмæ гæсгæ сарæзтæуы Махачкалайы епархи (2012 азы), рахицæн æй кодтой Владикавказ æмæ Аланийы епархийæ.
Махачкала, Хасавюрт, Дербент, Каспийск, Буйнакск, Избербаш, Хъызлар, Кизилюрт æмæ æндæртæ.
Дагъистаны сконды ис 42 районы æмæ дæс сахары зылды[49][50]:
2003-æм азы агъоммæ республикæйы сæргълæууæг уыдис йæ Паддзахадон советы сæрдар.
Регионы сæргъы сты Дагъистаны сæргълæууджытæ (раздæр президенттæ), кæцыты нысан кæны Уæрæсейы Федерацийы президент. Сæргълæууджыты номхыгъд:
Бирæ сты дагъистайнаг спортсменты æнтыстытæ, уæлдайдæр хъæбысæйхæсты[51]. Тынг популярон сси футбол дæр.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.