![cover image](https://wikiwandv2-19431.kxcdn.com/_next/image?url=https://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/7/73/David_Gareja_Monastery_2%252C_Georgia.jpg/640px-David_Gareja_Monastery_2%252C_Georgia.jpg&w=640&q=50)
Давид-Гареджа
From Wikipedia, the free encyclopedia
Давид-Гареджа (гуырдз. დავითგარეჯა) у лæгæтты мидæг кæй сарæзтой, ахæм моладзандоны комплекс Къахеты æдзæрæг быдыры. Арæзтад райдыдта V æнусы æмæ ахæццæ IX æнусмæ.
![Thumb image](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/9/97/300px-Georgia_Kakheti_Gareja_map.png/250px-300px-Georgia_Kakheti_Gareja_map.png)
![Thumb image](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/7/73/David_Gareja_Monastery_2%2C_Georgia.jpg/640px-David_Gareja_Monastery_2%2C_Georgia.jpg)
Советон дуджы моладзандоны иу хай бахаудис Азербайджаны территоримæ, æмæ 1991-æм азæй фæстæмæ сси дыууæ паддзахады ’хсæн ахастдзинæдты дайуаг фарста[1]. Гуырдзыстоны хицауады фæндыдис ацы ахсджиаг зæхх иннæмæй баивын[2]. Бакуйы та ууыл нæ разы кодта, уый тыххæй æмæ, аргъуан цы бæрзондыл лæууы, уымæн ис стратегион ахадындзинад [3]. 2006-æм азы Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг цæхгæрæй загъта, территоритæй баивыны тыххæй ныхас кæнæн кæй нæй, уый[2].
Азербайджаны зонæдты академийы Историйы институты директор Ягуб Махмудов загъта, зæгъгæ, канд Давид Гареджийы моладзандоны зæххытæ нæ, фæлæ ма æппæт Скæсæйнаг Гуырдзыстон рагон Азербайджаны зæххытæ кæй сты, Тифлис та — рагон азербайджайнаг сахар. Махмудовы ныхæстæм гæсгæ, Азербайджан аргъ кæны дыууæ адæмы ’хсæн цы хæлардзинад ис, уымæн, æмæ уый тыххæй йæ зæхх фæстæмæ нæ домы, цалынмæ гуырдзыйы ’рдыгæй провокацитæ нæй.[4]
Азербайджан æмæ Гуырдзыстон хæдбар паддзахæдтæ куы систы, уæд сарæзтой арæн бæлвырдгæнæг къамистæ. Сæ иумæйаг арæны 480 км æрцыдысты бæлвырдгонд, бæлвырдгæнинаг ма сты 166 километры. Дыууæ бæстæйы депутаттæ рæгъмæ рахастой аргъуаны тыххæй бафидауыны фæндон[5].
2019-æм азы апрелы, Куадзæны рæстæг, Азербайджаны арæнгæстæ ногæй сæхгæдтой Удабнойы моладзандонмæ фæндаг, нæ дзы уагътой сауджынтæ, уырнджытæ æмæ туристтæ Гуырдзыстоны ’рдыгæй. Удабнойы фæндаг байгом чындæуыд дыууæ паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ куы аныхас кодтой ацы фарстайыл, уæд[6].