![cover image](https://wikiwandv2-19431.kxcdn.com/_next/image?url=https://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/8/8f/%25C3%259Czeyir_Hac%25C4%25B1b%25C9%2599yov_%2528cropped%2529.jpg/640px-%25C3%259Czeyir_Hac%25C4%25B1b%25C9%2599yov_%2528cropped%2529.jpg&w=640&q=50)
Гаджибеков, Узеир Абдул-Гусейн оглы
азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг / From Wikipedia, the free encyclopedia
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков (азерб. عزيربك بن عبدالحسين حاجى بكوف, Üzeyir bəy Əbdülhüseyn oğlu Hacıbəyov; 6 [18] сентябры 1885, Агджабеди — 23 ноябры 1948, Баку) уыд азербайджайнаг советон композитор, дирижёр, музыкæзонæг, публицист, драматург, педагог, æхсæнадон архайæг. Советон Цæдисы адæмон артист (1938). Сталины премийы ll къæпхæны дыууæ хатты лауреат (1941, 1946).
Узеир Абдул-Гусейн оглы Гаджибеков | |
---|---|
азерб. اوزئییر حاجیبَیاوو, Üzeyir Hacıbəyov | |
![]() | |
Иумæйаг информаци | |
Райгуырды датæ | 6 (18) сентябры 1885 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1948-æм азы 23 ноябры(1948-11-23)[1][2] (63 азы) |
Мæлæты бынат | |
Ныгæныны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | дирижёр, композитор, музыкалон педагог, фыссæг, журналист, музыкалон этнограф, драматург |
Сфæлдыстады азтæ | 1904 — 1948 |
Жанртæ | оперæ, классикон музыкæ[d] æмæ мугам[d] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
![]() |
|
hajibeyov.com | |
![]() |
Нырыккон Азербайджаны профессионалон музыкалон дæсныйады бындурæвæрæг, Азербайджаны ССР-йы Зонæдты академийы архайæг уæнг (1945), профессор (1940), Азербайджаны консерваторийы ректор (1928—1929, 1939—1948), Азербайджаны ССР-йы Композиторты цæдисы сæрдар (1938—1948). Коммунистон партийы уæнг 1938-æм азæй. Азербайджаны ССР-йы æмæ ныры Азербайджаны гимны автор. Пысылмон дунейы фыццаг оперæйы ныффыссæг[4][5].
Йæ ахуыр райдыдта медресейæ, стæй каст фæци дыуууæазыккон уырыссаг-тæтæйраг (азербайджайнаг) скъола. 1899-æм азæй 1904-æм азы онг ахуыр кодта Фæскавказы ахуыргæнджыты семинары азербайджайнаг хайады Гуры сахары[6]. Гуры базыдта скърипкæ æмæ виолончель цæгъдын, базонгæ и суинаг композитор Муслим Магомаевимæ (зарæггæнæг Муслим Магомаевы фыдыфыд)[7]. Уый фæстæ цыппар азы дæргъы амыдта Гадрут æмæ Бакуйы скъолаты.[6] 1905-æм азы куыста Бакуйы Биби-Эйбаты скъолайы, стæй «Саадат»-ы скъолайы, амыдта дзы азербайджайнаг æмæ уырыссаг æвзаг, математикæ, географи, истори[8]. Уыцы иу рæстæг сси газет «Хаят»-ы тæлмацгæнæг, газет «Иршад»-ы дæр архайдта. 1911-æм азы ацыдис Мæскуымæ бæстондæр музыкалон ахуыр райсынмæ[9], стæй Бетъырбухмæ дæр, кæцыйы ахуыр кодта консерваторийы В. Калафатийы разамындæй (1914).
![Thumb image](http://upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/a/a5/Students_of_Gori_Teachers_Seminary.jpg/640px-Students_of_Gori_Teachers_Seminary.jpg)