Бургасы облæст
From Wikipedia, the free encyclopedia
Бургасы облæст (болг. Област Бургас) у Болгарийы Хуссар-Скæсæйнаг регионы денджызгæрон облæст, у бæстæйы тæккæ стырдæр (7 748,1 км²). Цæрынц дзы 422 458 адæймаджы.
Облæст | |
Бургасы облæст | |
---|---|
болг. Област Бургас | |
42°30′ с. ш. 27°15′ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Болгари |
Админ. центр | Бургас |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрды датæ | 1999-æм азы 8 январы |
Фæзуат |
|
Сахатон таг | EET (UTC+2, сæрды UTC+3) |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ |
|
Цифрон идентификатортæ | |
Код ISO 3166-2 | BG-02 |
Автомобилон код | A |
Официалон сайт | |
Викикъæбицы медиа |
Скæсæны облæсты арæн у Сау денджызы былгæрон, ныгуылæны сыхаг у Сливены æмæ Ямболы облæстытæ, цæгаты — Варнæйы æмæ Шумены облæстытæ, хуссары та — Турчимæ паддзахадон арæн.
Афæдзы рæстæмбис температурæ у 13 °C.
Бургасы облæсты экономикæ размæцыдыл нымад у, уымæ хауы æппæт Болгарийы ÆМП-ы 5,22%[2]. Бургасы ис порты комплекс — уыимæ нефты æмæ кæсæгахсджыты наулæууæнтæ — уыцы портмæ ласынц бæстæйы импорт æмæ экспорты 74%[3].
Æхсæнадæмон аэропорт Бургасмæ æрбатæхынц туристтæ сæ фæллад уадзынмæ. Облæсты денджызгæрон лæууынц бирæ курорттæ, сæ фылдæр змисджын пляжтимæ. Уыдонæй тæккæ зындгонддæр у егъау комплекс Хурджын был (болг. Слънчев бряг). 2008 азы, фæллад уадзынмæ Бургасы облæстмæ чи ’рбацыдысты, ахæм уæрæсейæгты нымæцмæ 38% бафтыд; æдæппæт уыдысты 40 мин адæймаджы бæрц[4].
Облæсты экономикæйы сконды канд туризм æмæ транспорт рæзмæцыд не сты, фæлæ индустри дæр. Нефтехими æмæ нефты ракуыст индустриалон кондады ахсынц 70%. Æндæр къабæзтæ сты хæринаг æмæ сæн уадзæн индустри, текстилуафæн кондад.