Remove ads
францаг афицер, æфсадхон From Wikipedia, the free encyclopedia
Жюль Брюне (фр. Jules Brunet; райгуырдис 1838-æм азы 2 январы — амардис 1911-æм азы 12 августы) уыдис францаг афицер, æфсадхон.
Жюль Брюне | |
---|---|
фр. Jules Brunet | |
Райгуырды датæ | 1838-æм азы 2 январы[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1911-æм азы 12 августы[2] (73 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æфсæддон куысты азтæ | 1857–1899 |
Хуындад | дивизион инæлар[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Викикъæбицы медиа |
Брюне райгуырдис Бельфоры (Эльзас). 1857-æм азы каст фæцис Политехникон скъола Парижы (фр. École Polytechnique). Уым йæ профессион здæхт уыдис артиллери.
1862–1867-æм азты архайдта Мексикæмæ Францы интервенцийы. 1867-æм азы Жюль Брюне уыдис Францы æфсæддон миссийы уæнг. 1868–1869-æм азты архайдта Босины Хæсты Эдзойы Республикæйы фарс.
Францмæ сыздæхгæйæ, уый уыдис Францы-Пруссийы хæсты архайæг æмæ афтæмæй бахаудис уацары. Франц фембылды ис (1871) æмæ Брюнейы рауагътой. Уый фæстæ афицер архайдта Парижы коммунæ басæттыныл.
1898-æм азы йæ снысан чындис Францы æфсады генштабы сæргълæууæгæй. 1899-æм азы Брюне наууагъта æфсæддон службæ.
Жюль Брюне у киноныв «Фæстаг самурай»-ы хъайтары прототиптæй иу.
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.