From Wikipedia, the free encyclopedia
Аракел Сюнеци (сом. Առաքել Սյունեցի, райгуырдис 1350-æм азы — амардис 1425-æм азы) — сомихаг поэт[3], философ, музыкант, грамматик[3], педагог æмæ аргъуаны архайæг XIV—XV æнусты[4].
Аракел Сюнеци | |
---|---|
Առաքել Սյունեցի | |
| |
Райгуырды датæ | ≈ 1350[1][2] |
Мæлæты датæ | 1425[1][2] |
Зонады къабаз | поэт, музыкант, грамматик, философ |
Зонадон разамонæг | Ованес Воротнеци |
Викикъæбицы медиа |
Ахуырад райста Татевы моладзандоны, Овнан Воротнецимæ æмæ йæ хæстæг Григор Татевацмæ. Скадджын æй кодтой вардапеты къæпхæнæй. Уый фæстæй уæрæхæй райдыдта архайын зонадон къабазыл Татевы. 1407-æм азы сси Сюничы алчер.
Йæ философон куыстыты уæрæх кæны Хуыцацуы космологион бæлвырдгæнæны теори, хæцы сенсуалон æмæ номиналон хъуыдыты ’вварс. Фыста бирæ панегриктæ, кæдоны ардта Сомихаг аргъуаны сыгъдæгты нæмттæ. Уыдис акростихы дæсны. Архайдта музыкæйы кабазыл дæр, йæ аргъуаны зарджытæй кæцыдæртæ нæ заманы онг дæр бахæццæ сты. Музыкæйы теорийыл куыстыты фыста сомихаг адæмон музыкæйы æмæ адæмон инструментты тыххæй.
Куыста æвзагахуырадыл дæр, ныффыста «Грамматикæйы цыбыр анализ». Йæ нымадмæ гæсгæ, æвзæгты иртæсæн, уæлдайдæр мадæлон æвзагы, «куырыхондзинады дунемæ дæгъæл у». Есаи Нчеци критикæ кæнгæйæ, Сюнеци грамматикæйы объектыл фыссынад æмæ зæл нæ нымадта, фæлæ иумæйаг фæлтæрæн, кæцы фыссæг æрæмбырд кæны æмæ йæ хи зондæй æрæмбары. Сомихаг лингвистикæйы Аракел Сюнеци сарæзта стыр къахдзæф физикон ныхасы сырæзты кабазыл архайгæйæ. Сюнеци йæ хъус дардта ныхасы оргæнты арæзтадыл æмæ функцитыл. Уæнгтæм каст куыд иппæрдæй афтæ иумæйагæй дæр баст ныхасы. Фыццаг хатт сын Аракел дæтты сæ биноныг классификаци. Йæ куыстыты снысан кодта ныхасы æртæ хуызы — мидæггаг, дзыхæй ныхас æмæ фыссыны ныхас.
Уымæй биноныгдæр анализ кодта номæн, мивдисæгæн æмæ номивæгæн, сарæзта бирæ мидисджын æмæ аив ныхасæппарæнтæ.
Сюнецийы литературон аивады иуыл ахсджиагдæр уацмыс у поэмæ «Адамы чиныг» (1403 аз) — сæфт дзæнæты, адæймаджы сæфт амонды тыххæй. Уацмысы автор гуырысхо кæны дины догмæтыл. Чиныг конд у æртæ поэмæйæ. Ацы уацмыс нымады у Сомихаг æстæузаманы литературæйы иуыл хуздæртæй. «Адамы чиныджы» æмдзæвгæтæй кæцыдæр ныхæстæ æрæвæрдтой зарæгыл дæр. Мыхуыры рацыд 1721-æм азы Константинополы. Тæлмацгонд у англисаг æвзагмæ.
Сюнеци амардис 1425-æм азмæ ’ввахс, баныгæдтой æй Шатинванчы моладзандоны Ехегнадзоры.
Аракел Сюнеци уыдис æнтысджын автор, йæ мæлæты фæстæ ныууагъта егъау литературон бын:
Seamless Wikipedia browsing. On steroids.
Every time you click a link to Wikipedia, Wiktionary or Wikiquote in your browser's search results, it will show the modern Wikiwand interface.
Wikiwand extension is a five stars, simple, with minimum permission required to keep your browsing private, safe and transparent.