Америкæйы хъалац
From Wikipedia, the free encyclopedia
Америкæйы Хъалац (исп. Copa América) — Хуссар Америкæйы хæдбар бæстæты æмбырд къордты ’хсæн КОНМЕБОЛ-ы разамындæй арæзт футболы турнир.
Фыццаг хатт ерыс арæзт æрцыд 1910 азы, КОНМЕБОЛ бындурæвæрд куы нæма ’рцыд, уæд, æмæ уый тыххæй официалоныл нымад нæу. Турниры фыццаг ерысыл нымад у 1916 азы арæзт кæцы æрцыди, уый. Фæстæдæр турнир схуыдтой Хуссар Америкæйы национ къордты ’хсæн чемпионат (исп. Campeonato Sudamericano de Selecciones). Афтæмæй, Америкæйы Хъалац у нырыккон æхсæнадæмон футболы турниртæй æппæты рагондæр. Европæйы футболы турнирæй йыл 44 азы фылдæр цæуы. 1975-æм азы турнирыл æвæрд æрцыд йæ ныры ном.
Америкæйы Хъалац арæзт цæуы къорд азы иу хатт — уыцы азты бæрæг нымæц цалдæр хатты ивд æрцыд. 2001 азæй 2007 азмæ арæзт цыди æртæ азы иу хатт. 2007 азæй 2019 азмæ та цыппар азы иу хатт. Уыимæ ма 2016 азы арæзт æрцыд уæлæмхасæн Америкæйы Хъалац — турнирæн йæ 100 азы кадæн, кæцы фыццаг хатт арæзт æрцыд Хуссар Америкæйы фæсарæнты (АИШ-ы). 2020 азы хъуамæ турнирæн йæ арæзты æмгъуыд ивд æрцыдаид цæмæй Европæйы чемпионатимæ æмрæстæг уа. Фæлæ сæ дыууæ дæр аргъæвтой 2021 азмæ коронавирусæй тасы тыххæй.
Турниры хайад исынц æппæт 10 бæстæйы — КОНМЕБОЛ-ы уæнгтæ: Аргентинæ, Боливи, Бразили, Венесуэлæ, Колумби, Парагвай, Перу, Уругвай, Чили, Эквадор. 1993 азæй фæстæмæ ерысмæ æрхонынц ноджы дыууæ къорды æндæр конфедерацитæй — арæхдæр КОНКАКАФ-æй. Хуынд къордтæй тынгдæр фесгуыхт Мексикæ, дыууæ хатты турниры дыккаг бынат арцахсгæйæ.
Æппæты фылдæр хатт Америкæйы Хъалац (1916 азæй райдайгæ, фыццаг хатт куы рамбылдта) райста Уругвайы къорд. Æдæппæт та турниры фæуæлахиз 15 хатты. Аргентинæ у 14-хаттон уæлахиздзау, ныры уæлахиздзау та, Бразили — 9-хаттон.